Хъазиты Мелитон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъазиты Мелитон
Райгуырды датæ 1948-æм азы 10 ноябры(1948-11-10) (75 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт, прозаик, драматург, тæлмацгæнæг, учёный-литературовед
Хорзæхтæ
орден Дружбы

Хъазиты Резойы фырт Мелитон (райгуырд 1948-æм азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ногхъæуы) у зындгонд ирон фыссæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар[1]. Йæ литературон фæсномыг у Роксалан.

Адæймаг цы рæстæджы райгуыры, уымæ гæсгæ бирæ цæмæйдæрты вæййы æппæт йæ цард, йæ архайд. Хъазиты Резойы фырт Мелитон райгуырдис 1948 азы Джеоргуыбайы мæйы (ноябры) 10-æм бон Цхинвалы районы Ногхъæуы зæхкусæг бинонты æхсæн. Уый уыдис ахæм заман, адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ хæдзарад алывæрсонæй йæ къахыл куы лæууын кодтой. Сабийæ зæрондмæ сын æрулæфт куы на уыдис. Тыхст æмæ стонг рæстæг куы уыдис. Фæлæ сæ ныфсæн кæрон куыннæ уыд.

Йæ фыд[ивын | Бындур ивын]

Фыд Резо уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисæг. Мæздæджы сахарæй Ленинграды цурмæ фашистты дæрæнгæнгæ фæцыд къахæй.

1943 азы уæззау цæф фæцис. Фронтмæ ацæуынæн нал сбæззыд. Фæлæ 1946 азы сæрдмæ куыста Уралы æфсæйнаг тайынгæнæн заводы. Куы æрыздæхт уæдæй йæ амæлæты бонмæ та уыдис колхозы, стæй та — совхозы кусæг. Йæ мад Куыдзеты Шено уыд хæдзары æфсин æмæ колхозон. Ныййарджытæ æппæт дæр арæзтой цæмæй сæ бирæ сывæллæттæ слæууыдаиккой ахуыры фæндагыл.

Фыссæджы цард[ивын | Бындур ивын]

Мелитон райдайæн скъола каст фæцис Уæллаг Отъреуы хъæуы, æнæххæст астæуккаг скъола – Уæллаг Черейы хъæуы. Астæукаг скъола та — Ксуисы хъæуы 1966-æм азы. Скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-фæсарæйнаг æвзæгты хайады æмæ йæ каст фæцис 1971-æм азы.

Уыдис газет «Советон Ирыстон»корректорæй, уацхæссæгæй. Рауагъдад «Ирыстон»-ы редактор, стæй сæйраг редактор. 1976-æм азы ссис Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг. Стæй – фысджыты цæдисты Дунеон æмхæларады уæнг. 1990-æм азæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар. Уыцы иурæстæджы 1994-1995-æм азты уыдис паддзахадон телеуынынады фыццаг директор. 1996-1999-æм азты Республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг. Ноджы — культурæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ дины фæдыл Комитеты Сæрдар.

1994-æм азæй кæсы лекцитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйæ.

Йæ иууыл стырдæр бæллиц у иугонд Ирыстон фенын.

Йæ уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

Хъазиты Мелитон аивадон уацмыстæ фыссын райдыдта суанг сабийæ. 5-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ. Йæ уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыдта 1985-æм азæй. Мелитон кусы поэзи, прозæ, драматургийы жанрты. Кæны зонадон æмæ тæлмац кæныны куыст. Рауагъта хицæн чингуытæй:

  • «Зæлы зарæг»
  • «Уарзтмонц зæрдæты кадæг»
  • «Æнæ фæхудгæ, æнæфæкæугæ»
  • «Алмас»
  • «Фæллæдзæуæн рæстæг»
  • «Чызджы зæрдæ»
  • «Хæстарыд Ирыстон»
  • «Алдымбыд»

Хъазиты Мелитон сабитæн ныммыхуыр кодта:

  • «Дæ сау чызг»
  • «Рувийы балц»
  • «Дзыхы къæбæл»
  • «Къæбæлдзыг ныхас» — ирон рифмæйы диссаджы хиæдты тыххæй
  • «Хъарæгæй зарын» — Нигеры тыххæй
  • «Къоста» — ирон поэзийы бындурæвæрæг Къостайы тыххæй
  • «Ир æмæ ироны кадæг» — Гафезы тыххæй
  • «Сабыр дзуринæгтæ» — Мæргъиты Къостайы тыххæй æмæ æндæр нырыккон фысджыты цард æмæ сфæлдыстадтыл.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]