Хуыцауы кувæндон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цин уа, зиан уа — ирон фынджы уæлхъус хистæр алкæд дæр æрхъуыды кæны Хуыцауы ном.

Хуыцауы номыл Ирыстоны ис бирæ кувæндæттæ. Сæ кадджындæртæй иу у Мæхческы хъæуы цы кувæндон ис, уый. Хонынц ма йæ Стыр Хуыцауы бæлас дæр.

Куывд фæкæнынц радыгай: цыппæргай хæдзаргай, йæ рад кæмæн вæййы, уыдон раттынц куывдæн фыс. Алы хæдзар дæр æрбахæссы æртæ чъирийы. Лæппу кæмæн райгуыры, кæнæ йæ лæппу балцæй кæмæн сыздæхы, уый кувæндонмæ сæрмагондæй æрбахæссы кусарт.

Кæй зæгъын æй хъæуы, фæкувынц Хуыцаумæ, цæмæй сын æххуыс кæна, йæ хорзæх сæ уа.