Хлынцов, Александры фырт Николай
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Николай Хлынцов (уырыс. Николай Александрович Хлынцов) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы хицауады сæрдар[1] 2006 азы 6 сентябрæй фæстæмæ[2].
Хлынцов райгуырд Дзæуджыхъæуы 1948-æм азы 26 декабры, каст фæци Цæгат Кавказы хæххон-металлургион институты арæзтадон факультет, куыста арæзтады (уыимæ трест «Электронстрой»-ы сæргълæууæгæй), уый фæстæ уыд партийы инструктор, партийы Промышленнон райкомы фыццаг секретарь.
Хицауады сæрдар суæвыны агъоммæ 2001 азæй фæстæмæ фондз азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны таможнæйы сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Ис ын бинонтæ, чызг.
[баив æй] Æддаг æрмæг
[баив æй] Фиппаинæгтæ
- ↑ Дзæуджыхъæу уыдзæн æдас горæт // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.
- ↑ Кавказский узел: персоналии (уырыс.)