Фламандиаг регион

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Регионтæ:
     Фландри     Брюссель     Валлони
Фландрийы тырыса

Фландри (нидерл. Vlaanderen; Бельгийы Фламандиаг регион (нидерл. Vlaams gewest van België)) у Бельгийы цæгатаг регион. У федерацийы субъект. Историон литературæйы уыцы номæй ма хуыдтой, ныртæккæ чи нал ис, уыцы Фламандиаг герцогад. Хъæуы ма бафиппайын уый æмæ Фландрийы æмæ Фламандиаг герцогад территоритæ æмхуызон не сты. Зæгъæм, Фламандиаг герцогады сконды уыди ма ахæм зæххытæ, ныртæккæ Францмæ (Францаг Фландри) æмæ Нидерландтæм (Зеландиаг Фландри) чи хауы, уыдон.

Сæргæндтæ

[баив æй] Административон дих

Фландри дихгонд у фондз провинцийыл:

1 Антверпен
2 Лимбург
3 Скæсæйнаг Фландри
4 Фламандиаг Брабант
5 Ныгуылæйнаг Фландри

Провинцитæ та сæхæдæг дихгонд сты муниципалитеттыл.

Брюселы сахары зылд (уырыс. Брюссельский столичный округ) у, Фламандиаг Брабанты арæнты мидæг чи ис æмæ Фламандиаг зылдмæ чи нæ хауы, ахæм анклав. Фæлæ уæддæр Брюссель у Фландрийы сæйраг сахар. Уыимæ ма Фландрийы хицауады дæлбар сты, нидерландаг æвзагæй пайда чи кæны, Брюсселы уыцы кусæндæттæ (скъолатæ, культурон уагдæттæ).

[баив æй] Политикæ

Бельги федераци куы сси, уæд Фландри нымад æрцыд, хи хицауад, парламент æмæ бюджет кæмæн ис, ахæм автономон субъектыл. Регионы иунæг официалон æвзаг у нидерландаг, кæд æмæ цалдæр муниципалитеты административон хъуыддаджы гæххæтыты ис пайдагæнæн францаг æвзагæй дæр.

Фламандиаг парламент (нидерл. Vlaams Parlement) æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æппæтон æмæ комкоммæйы ’взæрстыты фæрцы (æвзарыны бар ис æрмæст Фландрийы æдзух чи цæры, Бельгийы уыцы æмбæстонтæн). Фламандиаг парламент аразы регионы хицауад.

[баив æй] Культурæ

Фландрийы райгуырдысты æмæ фæцардысты бирæ зындгонд нывгæнджытæ, уыдонимæ Рубенс, Якоб Йорданс, Адам ван Норт, Ф. Снейдерс, Ян Брейгель, Ван Дейк æмæ æндæртæ.

[баив æй] Кæс