Фламандиаг æвзаг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Фламандиаг æвзаг | |
|---|---|
| Хином: | Vlaams (/ˈvlɑːms/) |
| Бæстæтæ: | Бельги |
| Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 6,7 милуан ад. |
| Классификаци | |
| Категори: | Евразийы æвзæгтæ |
Индоевропæйаг мыггаг
|
|
| Фыссынад: | латинаг алфавит |
| ISO 639-1: | |
| ISO 639-2: | |
| ISO/DIS 639-3: | vls |
| Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ | |
Фламандиаг æвзаг (фландраг æвзаг дæр; нидерл. Vlaams), зæгъгæ, уыцы æмбарынадæн ис цалдæр нысаниуæджы. Фыццаджыдæр бафиппайын хъæуы уый æмæ ацы æвзаг нæу Фландрийы официалон æвзаг (ахæм статус ис нидерландаг æвзагæн).
Æмбарынад «фламандиаг æвзаг»-æн ис ахæм нысаниуджытæ:
- Фландрийы цы нидерландаг æвзагæй пайда кæнынц, уыцы регионалон вариант (куыд стандартон æвзаг, афтæ диалекттæ);
- æппæт фламандиаг диалектты иумæйаг ном;
- раздæры Фламандиаг графады диалектты иумæйаг ном.
Фландрийы скъолаты ахуыр кæнынц нидерландаг æвзаг — уымæй ахуырады æвзаг хæдзарон æвзагимæ иухуызон нæу.
Фламандиаг æвзаджы сæйрагдæр хъауджытæ нидерландаг æвзагимæ абаргæйæ сты:
- дзурыны ахаст: хъæлæсон мырты фæстæ нидерландæгтæ дзурынц [j], кæд æмæ фысгæ йæ нæ кæнынц, уæддæр; фландриæгтæ афтæ нæ кæнынц (nee хъуысы куыд [нээй] Нидерландты æмæ куыд [нээ] Фландрийы);
- дзырдуат: бирæ дзырдтæ иухуызон не сты — зæгъæм, апельсин нидерландагау у sinaasappel, фламандиагау та — appelsien.
- иуæй-иу дзырдтæ сæ мыртæм гæсгæ иухуызон сты, фæлæ сæ нысаниуæг æндæр у: lopen нидерландагау у «тезгъо кæнын», фламандиагау та — «згъорын»; schreeuwen нидерландагау «хъæр кæнын», фламандиагау та — «кæуын, дзыназын».