Фистæгдзау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фистæгдзау

Фистæгдзу – фæндаджы змæлды хайадисæг, фæндагæн сæрмагонд фарсмæ здæхт цæуæг, кæнæ тулвæндаджы хайы сæртылхизгæ адæймаг.

Фæткæвæрд Фæндаджы Змæлдæн-ы æмбæрстгонд цæуынц фистæгдзауы бартæ æмæ хæстæ. Фистæг адæмы æдасы сæраппондæн скондæуыдысты фистæгдзу-ахизæнтæ, фистæгдзу-фæндæгтæ (тротуартæ), зæххы-уæлæ фистæгдзу-ахизæнтæ æмæ ма уæлзæхх æмæ дæлзæхх фистæгдзу-ахизæнтæ дæр. Фистæгдзаутæ хъуамæ цæуой тротуартыл, кæнæ фистæгдзу-фæндæгтыл, æмæ дзы сæ иу дæр куынæ уа, уæд та – фæндагвæрсты. Фистæгдзаутæн, кæдон фæласынц, кæнæ фæхæссынц егъау дзаумæттæ, æмæ ма гоймæгтæн, кæдон пайда кæнынц æнæ змæлынгæнæгæй нæбойнаг-коляскæтæй, сæ бон у цæуын тулæнвæндаджы кæрæтты, кæд æмæ сæ цыд тротуартыл, кæнæ фæндаджывæрстыл иннæ фистæгдзаутæн къуыхцыйы аххос у, уæд. Куынæ дзы уа тротуартæ, фистæг-фæндæгтæ йе та фæндагвæрстæ, кæнæ та цыл цæуынвадат куынæ уа, уæд фистæгдзауты бон у лисапъедон фæндагыл змæлын, кæнæ иу рæгъы цæуын тулæнвæндаджы хайы (дих-хаххимæ фæндæгтыл – тулвæндаджы хайы æддаг кæроныл). Тулвæндаджы хайы цæугæйæ, фистæгдзаутæ хъуамæ цæуой æрбацæугæ-æрбацæугæ транспорты размæ.