Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн (цыб: ФФЗ) — фæткæвæрдты æмбырд, фæндаджы змæлды архайджыты (транспортон фæрæзты скъæрджыты, пассажирты, фистæгдзауты æмæ а.д.) хæстæ æрмдарæг æмæ ма фæндаджы змæлды æдасад хизынæн, транспортон фæрæзтæй кургæйæ, техникон домæнтæ.

ФФЗ-йы истори[ивын | Бындур ивын]

Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн йæ райдийæн исы Лондоны. 10-æм декабры 1868 азы Парламенты раз фæзуатыл æвæрд æрцыд механикон æфсæнвæндагон семафор хуызджын дискимæ. Йе ’рхъуыдыгæнæг — Джон Пик Найт (John Peake Knight) — уыд æвсæнвæндаджы семафорты специалист. Архайæн армонкуыст кодта æмæ йын уыд дыууæ семафорон "базыры". Базырты бон уыд æндæр æмæ æндæр æвæрд цæуын: горизонталон — сигнал "стоп"; æмæ 45 градусмæ тигъгонд - арæхсгай цæуыны бар. Талынджы-иу баиу кодтой зæрæ æмæ сырх хуызтæй æрттивгæ, зилгæ газы фанар. Семаформæ уыд лæугæвæрд æххуырст адæймаг ливрейкондæй, йæ хæс-иу уыд "фат" сисын æмæ æрисын, æмæ-иу фанар дæр аразил-базил кæнын. Фæлæ архайæны техникон реализаци нæ фæбæззыдысты: сисæн механизмы рæхысы хъинц-хъинц-иу ахæм тынг уыди æмæ-иу дзы цуртыдзау бæхтæ схъиуттытæ кодтой æмæ сæ фæстæгтыл стадысты. Дыууæ мæй дæр нæ фæкуыста, афтæмæй 1869 азы 2 январы срæмыгъдта æмæ ма дзы йæ цуры лæууæг пъалицайаг дæр цæфтæ баййæфта.

Нырыккон фæндаджы бæрæгдарты прототиптæ ис схонæн номвæйнæгтæ (табличкæтæ?), кæдоныл æвдыстæуыд чердæм у фæндаджы здæхт цæрæнхъом ранмæ æмæ йæм йæ дæрддзæг. Европæйаг иумæйаг фæндаджы фæткæвæрды змæлды æмбырд райстой 1909 азы, дунеон конференцийыл Парижы, автомобильты нымæцы сфылдæры, тагъдады рæзты æмæ горæтвæндæгтыл змæлды интенсивады тыххæй. Иннæ ахсджиаг санчъех сси "Конвенци фæндæгтыл сигналкæныны иугъæдондзинад бакæныныл" 1931 азы Женевæйы, фæндæгты змæлды сæраппонд Конвенцийыл, кæцыйы, иннæ бæстæты ’хсæн, иста хайад Советон Цæдис дæр.

Фыццаг фæлвæрдтæм горæты змæлдæн ссæрфад кæнынмæ ма бавнæлтта Гай Юлий Цезар, Незаманы Ромы. Йæ бардзырмæ гæсгæ 50-æм азты Ч.А. (Чырыстийы агъоммæ), сахары иуæй-иу уынгтыл райдыдта иуварсон змæлды æгъдау æвæрддзыд. Хуры скастæй æмæ "кусæнбон" фæуынмæ (иу-дыууæ сахат раздæр й’ аныгуылдмæ) хæдласæнты (пъавозкæ?), бæхуæрдæтты æмæ экипажты азмæлд æуцы уынгтыл уыд бархъоды. Æрцæугæ адæм-иу хъуамæ сæ трæнспорт ныууагътаиккой горæтæддæ æмæ фистæгæй змæлыдаиккой Ромыл, кæнæ та паланкин баххуырсгæйæ. Æуцы фæткæвæрдты æххæсткæнынмæ бындурæвæрд æрцыд цæстдарды сæрмагонд куыст, кæцымæ-иу арæхдæр истой ивгъуыд зынгвæдисонты, либертинты (ралхæнгæ цагъайрæгты), хыгъдæй. Ахæм регулацигæнджыты сæйраг хæс-иу уыд, цæутулæн (транспортон) фæрæзты дарджыты хылтæ æмæ хъаугъатæ бахизынæй. Бирæ дзуарвæндæгтæ-иу задысты æнæ уагæвæрдæй. Цытджын æлдæрттæ æмæ-иу стырнæмттæ сæхицæн æнæ къуылымпыйæ ацæуæн ссарттой — сæ "тагъддзуты"-иу экипажты разæй рауагътой, уыдон та-иу сæ хицауы ахизæн асыгъдæг кодтой.