Фæрнион Къоста

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фæрнион Къоста
Гуырæн ном Фæрниаты Солтайы фырт Константин
Райгуырды датæ 1908
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1937
Архайды хуыз фыссæг, поэт

Фæрнион Къоста (Фæрниаты Солтайы фырт Константин; райгуырдис 1908-æм азы Быдыры Дæргъæвсы — амардис 1937-æм азы) уыдис ирон фыссæг, поэт, журналист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Ахуыр кодта райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Дзæуджыхъæуы, стæй Мæскуыйы журналистикæйы институты. Каст фæцис Мæскуыйы педагогон институт.

1926-æм азы Фæрнион куыста «Ногдзауты газет»-ы редакторæй Дзæуджыхъæуы.

1931-æм азы æрцардис Цхинвалы. Уым куыста литературон газет «Большевикон аивад»-ы редакторæй. Уый фæстæ Къоста уыдис Хуссар Ирыстоны чиныгуадзæны директор, стæй драмон театры сæргълæууæг. 1933-æм азы Фæрнион æрыздæхтис Орджоникидземæ æмæ æрлæууыдис Цæгат Ирыстоны книготоргы сæргъы. Фæстæдæр ссис сывæллæтты журнал «Сырх дидинæг»-ы редактор.

1937-æм азы Фæрнион Къоста æрцыдис репрессигонд. Уыцы аз 28-аздзыд фыссæджы фехстæуыдис. Фæсамæлæт æрцыдис реабилитацигонд.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Фæрнионы сфæлдыстад уыдис бирæвæрсыг. Йæ æмдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты 1925-æм азы. 1927-æм азы та рацыдис Нигер, Фæрнион æмæ Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæты иумæйаг æмбырдгонд «Уадындз». Аккаг хъусдард аздæхта йæхимæ поэты æмдзæвгæты æмбырдгонд «Зæй» (1930). Стыр аргъ счындæуыдис, Къоста фæстæдæры азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ «Хъобаны фæдис», «Цины дуг» æмæ æндæртæн.

20-æм азты кæроны — 30-æм азты райдианы ирон прозæйы æвзæрын райдыдта эпикон жанр, фæзындысты фыццаг уацаутæ æмæ романтæ. Ирон литературæйы фыццаг романтæй иу уыдис Фæрнион Къостайы «Уады уынæр». Мыхуырæй рацыдис 1932-æм азы. Уацмысы ныхас цæуы Ирыстоны революцийы хæдразмæйы азты хабæрттыл, æвдыст дзы цæуы æнæраст цардæвæрды ныхмæ протест, хуыздæр фидæныл тох.

Романы æвдыст æрцыдысты феодалон Ирыстоны æппæт социалон кълæстæ, уæлдайдæр кæвдæсæрдтæ — дæлдæр къласы адæм. Автор реалистон ахорæнтæй сныв кодта ацы адæмы гæвзыкк цард, се ’фхæрды уавæр. Романы сæйраг архайæг кæвдæсард Сырхауты Цæрай базыдта социалон æнæрастдзинады хъуыддаг æмæ райдыдта хуыздæр æмбарын, сæрибар æмæ рæстдзинад райсыны тыххæй æфхæрджыты ныхмæ тох кæнын кæй хъæуы, уый. Фæлæ Цæрай революцион тохы æцæг фæндагæй дард у æмæ архайы æнæ исты бæлвырд фæткмæ гæсгæ; кæй сæргъы уыдис, æндæр ахæм тохгæнджыты балимæ ацæуы хъæдмæ, чиновниктæ æмæ хъæздгуытæй маст исынмæ.

Уыциу рæстæг автор фыссы, 1920–30-æм азты Кавказы адæмты литературæты, уыимæ ироны дæр, зынгæ бынат чи ахста, уыцы абырджыты темæйыл. Фыссæг куыд æмбарын кæны, афтæмæй абырджыты фæзындæн уыдис историон аххосæгтæ — хохаг адæмты тох паддзахы администрацийы ныхмæ.

Пьесæ «Хæрзбон»-ы (1934) Фæрнион равдыста Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты тох Советон хицауады сæраппонд 1918–20-æм азты. Уацмысы æвдыст æрцыдысты алыхуызон политикон цæстæнгастæ кæмæн уыдис, ахæм адæймæгты хъысмæттæ (коммунисттæ, меньшевиктæ, буржуазон националисттæ). Фыццаг хатт ирон драматургийы автор бахаста пьесæмæ архайдамонæджы (уырыс. ведущий). Уый монологтæ æххуыс кæнынц пьесæйы идейон мидис хуыздæр бамбарынæн.

Советон хицауады сæраппонд тохы темæйыл фыст у радзырд «Хъæбатыр цæргæс». Йæ сæйраг архайæг у мидхæсты легендарон хъайтар Дзарахохты Хадзымурат.

Фæрнион Къоста у ирон литературæйыл фарстаты тыххæй къорд уацы автор.

Фыссæг ирон советон поэзийы фыццаг хатт спайда кодта ахæм жанрæй куыд æмдзæвгæтæй фыст фельетон.