Трио «Фæндыр»

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фæндыр
Жанртæ ирон музыкæ
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе

Трио «Фæндыр» у Цæгат Ирыстонæй фæндырдзæгъдджыты къорд.

Солисттæ:

  1. Елхъанты Светланæ — РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады Фæсивæдон премийы хорзæхджынгонд, Краснодары аивад æмæ культурæйы академи.
  2. Дзуццаты Сослан — РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады Фæсивæдон премийы хорзæхджынгонд, Краснодары аивад æмæ культурæйы академи.
  3. Гуссаты Зæлинæ — РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады Фæсивæдон премийы хорзæхджынгонд, Краснодары аивад æмæ культурæйы академи.

Кæрæдзийы хуызæн не сты, фæлæ баиу сты æмæ ныртæккæ иу æнæхъæн къорд «Фæндыр» систы. «Иу хатт сæ чи фена, уый сæ никуы ферох кæндзæн; сæ кæсгон цагъд та, уый куы фехъуысай, уæд дæ къæхтæ сæхæдæг згъорынц», — афтæ фæдзурынц уыдоны тыххæй сæ концертмæ æрбацæуæг адæм.

1999-æм азы февралы мæйы Цæгат Иристоны театры сценæйы трио «Фæндыр» фыццаг хатт равдыста сæ концерт-премьерæ (режиссёр Карджынты Изабеллæ). Репертуары уыди националон музыкалон аивады хуыздæр мелодитæ, ирон композиторты уацмыстæ, триойы солисттæ та сæм бафтыдтой сæхи аранжировкæтæ.

«Ацы трио у æрыгон, рæсугъд æмæ профессионалон. Сæ цагъд æвзары виртуозон техникæ, уыдон тынг æмбарынц музыкалон сурæттæ æмæ сæ характертæ», — загъта Ирыстоны зындгонд фæндырдзæгъдæг Гæздæнты Булат. Сфæлдыстадон историйы музыкалон аивады дыууæ фæлтæры баиу сты сескстеты: XX æнусы популярон трио (сгуыхт артисттæ Реуазты С., Гæздæнты Б., Мыстулаты И.) æмæ XXI æнусы трио (Елхъанты С., Дзуццаты С., Гуссаты З.).