Терренкур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Терренкур (нем. terrain — ран, бынат; æмæ kur — хоскæнын) санитарон-культурон хоскæныны метод, дозæгонд физикон уæзисттæ, фистæгæй тезгъогæнгæ, хæрдмæ схызттæ хæххон рæтты сæрмагонд маршруттыл. Терренкур хъомысдæр кæны фæразондзинад, хуыздæр кæны зæрдон-тугдадзинон системæ æмæ улæфæн органты куыст, стимул кæны буарадты æмбаивд, нервты активад. Фылдæр-иу дохтыртæй хъусдард цæуы. Ерыны заманты «терренкур» фылдæр хатт нысан кæны хосгæнæн цыды охыл, сæрмагонд æвæрд маршруттæ.

XIX æнусы æмбисæй дохтыртæ байдыдтой хоскæныны методтæм хæстæгдæр уын, комбинацигондæй цыдысты змæлд æмæ климæтон факторты тæфагимæ. Нырма ма 1845 азы дохтыр Хартвиг (Hartwig) рекомендаци кодта сдзæбæх кæнынмæ алыбон къахæйдзыд, куыд денджызы уæвгæйæ, афтæ хæрдрæтты. 1862 азæй профессор Вербер (Werber) схуытта активон змæлд æппæты ахсджиагдæр уæлæмхасæн хæххон бæстыхъæды хъомысадмæ æмæ фæдзæхста йæ пациенттæн хосгæнæн фистдæгдзу хæххон надвæндæгтыл Герман æмæ Швейцарийы курортты. 1885 азы гермайнаг дохтыр Макс Эртель (Max Oertel), кæй фæрцы фæзынди термин терренкур дæр, сразæвæрд кодта фистæгæй тезгъо маршрутты дарддзæг, темп æмæ акъултыл амад, бæзнагад æмæ зæрдон-тугдадзинон рынтæ хоскæнæн методтæ. Эртелы метод уайтагъд апарахат ис Европæйы.

Уæрæсейы терренкуртæ райдыдтой зынын 20 æнусы райдианы. 1901 азы, Кисловодсчы, дохтыр Н.Н. Облинскийæ, кæцы сахуыр кодта Эртелы метод, уыд æвæрд фыццаг терренккурты маршруттæн сæ иу. Æрдзон ландшафт радта бар æхсæз маршруты скæнын Кисловодскы парчы территорийыл, кæм карзæй дозæгонд сты дæрддзаг, акъулы къуым, уæлденджызы бæрзæнд, æмæ æрмæст æрдзон ландшафтты рæсугъдад «quantum satis» — «цас бахъæуа». Кисловодсчы терренкуры маршруттæ æвæрд сты 800 метры уæлденджыз æмæ сты 1700-6000 метрыдæргъæн (сæ иумæйаг дæргъ у 30 км фылдæр).

Дыккаг номдзыд терренкурон бынат у сахар Железноводск, уый дæр Кавказы Суардæтты. Ам ис цалдæр маршруты 800-йæ — 8000 метрмæ. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы терренкуртæ сты Ессентукийы, Сочийы, Анапæйы, Дзæуджыхъæуы, Налцыччы, Белокурихæйы, Геленджичы, хъæу Архипо-Осиповкæйы.