Тамерлан
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тамерлан (Тимур, Амир Темур, Тимурленг, Æндон къуылых; 1336—1405) — дунейы историйы зынгæдæр тыхæйбайсджытæй иу, йæ архайд тынг бандæвта Кавказ æмæ Астæуккаг Азийы историйыл. Йæ къухы бафтыд, йæ сæйраг сахар Самарканд кæмæн уыд, уыцы егъау паддзахад саразын.
Тамерлан райгуырд 1336 азы 9 апрелы сахар Кешейы (ныр Шахрисабз Узбекистаны), йæ рагфыдæлтæ уыдысты Барласы знæмы монголтæ.