Сталинграды Мадоннæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сталинграды Мадоннæ

Сталинграды Мадоннæ ― ахæм ном райста немыцаг хæстон дохтыры ныв. Курт Ройбер (1906-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон, Кассель — 1944-æм азы тъæнджы мæйы 20-æм бон, Елабугæ) уыцы ныв скодта советон географион картæйы фæстаг фарсыл æвзалыйæ, 1942 азы цыппурсы мæйы 24-25 боны æхсæвы, æрхъулайы куы бахаудтой уæд Сталинграды хæстæмбæлд кæронмæ фæцæйхæццæ кодта.

Йæ сарæзты истори[ивын | Бындур ивын]

«Сталинграды Мадоннæ» сныв кодта немыцаг хæстон дохтыр (хæсты размæ уыд сауджын) Курт Ройбер. Уый уыд Цыппурсы æхсæв 1942 азы, григорийы къæлиндармæ гæсгæ, советон географион картæйы гæбазыл.

Уыцы рæстæгмæ немыцаг-фашистон æфсæдтæ æд хицау инæлар Паулюсимæ (тъæнджы мæйы 30 боны фæстæ, инæлар-фельдмаршал). Сырх æфсады æрхъуламæ бахаудтой, ноджы ма сæ цагъта зымæгон уазал рæстæг. Вермахты æфсæддонтæн сæ тых басаст. Мæлæтæй фервæзын æнхъæл нал уыдысты. Салдæттæн æмæ афицертæн сæ хъару æмæ сæ ныфс уыди саст, æмæ ма æрмæстдæр хъуыды кодтой сæ сæртæ куыд аирвæзын кæной, ууыл. Уыцы уæззау цардæвзарæнтæ æвдыст сты нывы.

Афыст[ивын | Бындур ивын]

Ныв конд у советон географион картæйы фæстаг фарсыл. Нывы ис бадæг сылгоймаг (Мады Майрæм), йæ хъæбысы сывæллон бады, æмбæрзы йæ стыр кæлмæрзæнæй. Мады сæр æркъул сывæллоны сæрмæ, йæ цæстытæ сты æхгæд. Рахиз къухæй хъахъхъæнæгау хæцы сывæллоныл æмæ йæ йæ риумæ æлхъивы, галиу къух æмбæрзт у кæлмæрзæнæй.

Нывы алы фарс немыцаг æвзагæй фыст: «Licht. Leben. Liebe. Weihnachten im Kessel. Festung Stalingrad» — «Рухс. Цард. Уарзондзинад. Цыппурсы æрхъулайы. Гæнах Сталинград».

Нывы дарддæры хъысмæт[ивын | Бындур ивын]

Тъæнджы мæйы 13 боны, 1943 азы ныв «Сталинграды Мадоннæ» æрхъуылайы раласта фæстаг хæдтæхæджы цæф булкъон. Уыцы бынат, кæм уыд фыст ныв, къуырийы фæстæ ныппырх бомбæты бын. (Курт Ройбер уыцы рæстæджы уыд æфсæдты рынчындоны).

Фæстæдæр «Сталинграды Мадоннæ» радтой, кайзер Вильгельмы ном чи хæссы, уыцы аргъуанмæ Берлины, æмæ ныр дæр уым ис.

«Сталинграды Мадоннæйы» ныв сси Германы Бундесверы хицæн санитарон батальоны эмблемæ. 1990 азы «Сталинграды Мадоннæйыл» бафтыдтой дзуæрттæ. Дзуæрттæ йыл бафтыдтой æртæ европайаг иерархы, кæмæн сæ горæттæ хæсты рæстæджы уыдысты тынг хæлд. Уыдон уыдысты: Ковентрийы англиканон соборы сауджын, Берлины алчер æмæ Вольск æмæ Саратовы архиепископ Пимен (Хмелевский).

Нывы къопи ныр дæр ис Волгограды, Сыгъдæг Никъалайы номыл Католикон аргъуаны, æмæ йын католиктæ диссаджы кад æмæ аргъ кæнынц.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]