Социалон амалхъомад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Социалон амалхъомад — амалиуæгдарыккон архайд, йæ нысан — социалон лыггæнинаг фарстатæ райхалын, кæнæ, æппынкъаддæр се ’ндæвд фæлæмæгъдæр кæнын. Раиртасæн æй ис амынд сæйрагдæр миниуджытæм гæсгæ:

  • социалон ахадындзинад — социалон лыггæнинаг фарстатæ райхалын кæнæ фæлæмæгъ кæнынмæ здæхт, фидар æвæрццаг нысан кæмæн ис раттæн, ахæм социалон фæстиуджыты расайд;
  • хихардзбамбæрзынад æмæ финансон фидардзинад — социалон куыстуаты бон у хи æфтиаджы фæрцы социалон проблемæтæ лыг кæнын;
  • амалиуæгдарджын бавнæлд — социалон амалиуæгдары бон куы вæййы йæ архайды ног разæнгард фадæттæ агурын, фæрæзтæ тымбыл кæнын, ног райхæлдтытæ фæлдисын, æмтгæй райсгæйæ та æппæт æхсæнадыл дæргъвæтин рæстæг рæстмæ ауыдын.

«Социалон амалхъомдзинад — ног амæлттæ агурæг архайд, фыццаджыдæр йæ ных саразы æхсæнады социалон проблемæтæм, кæнæ сæ æппынкъаддæр фæлæмæгъдæр кæнынмæ фæтырны, уыимæ архайы хардзæмбæрзты æмæ æнæфæцудындзинады бындурыл»[1].

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Фонд «Наше будущее»-йы сайтæй Архивгонд æрцыдис 23 апрелы 2015 азы. ист бæрæггæнæн.