Скъодтатæ (хъæу)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Скъодтатæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы. Цардысты дзы Скъодтатæ.[1]

Истори[ивын | Бындур ивын]

Скъодтати гъæу (синх) Хъалнæгъти гъæумæ æй хæстæг, еу километри бæрцæ идарддæр Хонсар æрдæмæ. Æвæрд адтæй Айгомуги донæн æ рахес фарс минкъий æма æндзæр æрдози. Скъодтатæ аци синхи цардæнцæ къуар хæдзаремæй, æндæр муггагæй си неке цардæй.

Синхи цæргутæн сæ царди уавæртæ æмхузон зин адтæнцæ Хъалнæгъти гъæуи цæргути хæццæ. Скъодтати адæмæн дæр нæ фагæ кодтонцæ сæ хуми зæнхитæ. Се ’гуæрдæнтæ æма сæ фонси хезнитæ адтæнцæ идард æма зин рауæнти, хъиамæт сæбæл берæ гъудæй.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. 241-æм ф.
  2. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 187.