Саракаев, Ибрагим-Бек

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ибрагим-Бек Саракаев
Райгуырды датæ 1883-æм азы 21 сентябры(1883-09-21)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1934
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, журналист, поэт
Сфæлдыстады азтæ 1902
Жанр радзырд[d]
Уацмысты æвзаг цæцæйнаг æвзаг æмæ уырыссаг

Ибрагим-Бек Саракаев (райгуырдис 1883-æм азы 21 сентябры — амардис 1934-æм азы) уыдис фыццаг цæцæйнаг фысджытæй æмæ публицисттæй иу; цæцæйнаг адæмы традицитæ æмæ фольклоры тыххæй куыстыты автор.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис 1883-æм азы 21 сентябры Веденойы фидары. XX æнусы райдианы каст фæцис реалон училище Дзæуджыхъæуы æмæ 1902-æм азы араст ис Тбилисмæ. Уым Ибрагим-Бек райдыдта йæ литературон æмæ журналистон архайд. Йæ фыццаг уацмыстæ фæзындысты, уæды заман зындгонд æмæ популярон чи уыдис, уыцы журнал «Кавказ»-ы фæрстыл. 1907 азы Ибрагим-Бек Саракаев æрцардис Дзæуджыхъæуы æмæ райдыдта кусын газет «Терек»-ы. Йемæ иу афон ацы мыхуырон оргæны ма куыста зынгæ революционер-большевик Сергей Киров.

Уыцы азты Саракаев ныффыста «Нохчо», «Чеченец», «Веданхо» æмæ бирæ æндæр уацмыстæ. Мыхуыргонд та æрцыдысты æрмæст 1911–1914 азты. Уыдонæй уæлдай ма уый фыста уацтæ (æдæппæтæй сты 30-æй фылдæр) Цæцæны национ æмæ зæххы фарстатыл, культурæ æмæ ахуырады рæзтыл æмæ æндæр темæтыл. Йæ уацхъуыдты Саракаев æргомæй критикæ кодта, хицæуттæ хæхбæсты цы закъонхæлдтытæ æмæ хæдтыхмитæ аразынц, уыдон.

Йæ литературон æмæ публицистон уацты уæлдай ма мыхуыргонд æцыдысты, уыцы азты Саракаев цы стыр историон-философон иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдон дæр: «Мюридизм», «Суд и казнь Шамиля» æмæ æндæртæ. 1910-æм азты райдианы ма мыхуырæй рацыдысты Ибрагим-Бечы стыр аивадон-документалон куысты: «По трущобам Чечни» (1913) æмæ «Чечня и пленение Шамиля» (1914). Цæцæны историйы мидæг уыдон уыдысты фыццаг ахæм чингуытæ, кæм цæцæйнаг йæхæдæг равдыста йæ адæмы цард. Ацы уацмысты ирдæй раргом ис Саракаевы фыссыны дæсныдзинад.

Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Ибрагим-Бек бархийæ хи ныффыссын кодта Кавказы бынæттон бæхджын дивизимæ (фæстæдæр зындгонд уыдис куыд «Дикая дивизия») чи хаудис, уыцы Тæтæйраг бæхджын полкъмæ (уырыс. Татарский конный полк Кавказской туземной конной дивизии). Хæсты рæстæг Ибрагим-Бекæн лæвæрд æрцыдис афицеры ном. Фæстагмæ Саракаев баслужбæ кодта дæлбулкъоны чины онг. Æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын чындис Сыгъдæг Георгийы ордены IV къæпхæнæй æмæ Сыгъдæг Аннæйы ордены II къæпхæнæй æд кæрдтæ (уырыс. с мечами).

Хæсты рæстæг Саракаев фыста уысмæй-уысмæн, фылдæр, радзырдтæ æмæ очерктæ, фæлæ, сæ хъæдæй разы кæй нæ уыдис, уый охыл сæ мыхуырмæ лæвæрдта стæм хатт.

Советон Уæрæсейы[ивын | Бындур ивын]

1917 азы февралы революцийы фæстæ Ибрагим-Бек Саракаев куыста Абдул-Меджид (Тапа) Чермоевы Хохæгты хицауады (уырыс. Горское правительство) сæрмагонд хæслæвæрдты чиновникæй.

Мидхæсты азты, Сергей Кировы рекомендацимæ гæсгæ, Саракаев службæ кодта XI-æм Сырх Æфсады. Уым уыдис къамандыгæнæджы хæдивджытæй иу (ифтонггæныны къабазы). Советон хицауад Цæцæны куы фæуæлахиз ис, уæд кусын райдыдта Цæцæны автономон облæсты милицæйы хицауы хæдивæгæй.

Ибрагим-Бек Саракаев амардис 1934-æм азы. Ныгæд æрцыдис йæ райгуырæн хъæу Веденойы.