Саакашвили, Николозы фырт Михаил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Михаил Саакашвили

Михаил Саакашвили (гуырдз. მიხეილ ნიკოლოზის ძე სააკაშვილი, райг. 21 декабры 1967 азы Тбилисы) у Гуырдзыстоны æртыккаг президент, гуырдзыстойнаг политик æмæ æхсæнадон архайæг. Президенты бынатмæ йæ равзæрстой 2004-æм азы Уардиты революцийы фæстæ. Дыккаг æмгъуыдмæ æвзæрст æрцыд 2008-æм азы æмæ ацы бынаты кусы ныры онг.

2008-æм азы августы мæйы сфидар кодта Хуссар Ирыстонмæ бабырсты тыххæй барамынд (кæс Хуссар Ирыстоны хæст), цхинвайлаг администрацийы дæлбар зæххыл «конституцион фæтк фæстæмæ æрфидар кæныны» æфсонæн.

[баив æй] Мыггаг

Михаил Саакашвили райгуырд Калачы 1967 азы 21 декабры. Йæ мад, Гиули Аласания, у профессор-историк, Гуырдзыстоны астæузаманы специалист. Йæ фыды фыдæлтæ сомихаг адæмæй рацыдысты, йæ фыд — дæсниадмæ гæсгæ у медик, ацыд æндæр бинонтæм Михаилы райгуырды размæ. Михаилы хъомыл кодтой мад æмæ мады ног лæг — профессор-психолог, стæй мадыфсымæр дипломат Темур Аласания дæр.

1984-æм азы Михаил Саакашвили каст фæци Калачы астæуккаг скъола № 51, райста сыгъзæрин майдан. 1992-æм азы каст фæци Киевы паддзахадон университеты æхсæнадæмон ахастыты факультет.