Рулофс, Сандрæ
Сандрæ Элизабет Рулофс (нидерл. Sandra Elisabeth Roelofs; райгуырди 1968-æм азы 23 декабры, Тернезен, Нидерландтæ) у Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвилийы ус. 2008-æм азы январæй ис æм дыууæ граждандзинады — нидерландаг æмæ гуырдзыстойнаг.
[ивын] Цардафыст
Уæлдæр ахуыр райста фæсарæйнаг æвзæгты институты Брюсселы æмæ адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты Страсбурджы.
Михаил Саакашвилиимæ базонгæй ис 1993-æм азы, Страсбурджы, адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты, цыран касти курс «Адæймаджы бартæ». Фæстæдæр, уыцы азы, Сандрæ æрцарди Нью-Йорчы, цыран куыста Колумбаг университеты æмæ нидерландаг бартæхъахъхъæнæг фирмæйы.
1996-æм азы æрыгон бинонтæ æрцыдысты цæрынмæ Гуырдзыстонмæ. Уым Сандрæ куыста Сырх Кырысы Æхсæнадæмон комитеты æмæ Нидерландты къаролады консулады сахар Тбилисы.
1999–2003 азты Сандра Рулофс куыста францаг æвзаджы уазæг-лекторæй Тбилисы паддзахадон университеты. Йæ мадæлон нидерландаг æвзагæй уæлдай ма Сандра Рулофс зоны гуырдзиаг, францаг, англисаг, немыцаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.
Михаил Саакашвилийæ Сандрæйæн райгуырд дыууæ фырты: Эдуард æмæ Никъолоз.
Сандрæ Рулофс ныффыста, мыхуырæй 2005-æм азы чи рацыд, уыцы чиныг «Гуырдзыстоны фыццаг леди. Идеалисткæйы радзырд».
