Роттердам

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Сахар
Роттердам
нидерл. Rotterdam
Тырыса Герб
Тырыса
Герб
Паддзахад Нидерландтæ
Провинци Хуссар Голланди
Координатæтæ 51°55′51″ ц. у. 4°28′45″ ск. д. (G)
Фæзуат 319,35 км²
Цæрджытæ 600 000 адæймаджы (2007)
Æнгомдзинад 1843 ад./км²
Сахатон таг UTC+1, сæрды UTC+2
Телефонон код +31 10
Посты индекстæ 3000
Сайт http://www.rotterdam.nl/
Роттердам (Нидерландтæ)
Роттердам
Роттердам (Хуссар Голланди)
Роттердам
Роттердам

Роттерда́м (нидерл. Rotterdam) у Нидерландты дыккаг стырдæр сахар. Цæрынц дзы 600 мин адæймаджы бæрц (2007), йæ алфамбылай цæрæнрæттимæ — 1,1 милуан. Сахар лæууы цалдæр цæугæдæттæ æмæ каналты былтыл, уыдонæй стырдæр у цæугæдон МаасЕвропæйы ахсджиаг доны траспорты фæндаг.

Уый у стыр транспортон, æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ порт. Роттердамы порт у Европæйы тæккæ стырдæр, 2004-æм азы онг уый уыд дунейы стырдæр (уæргъты бæрцуатмæ гæсгæ).

[баив æй] Истори

Фашистты æфсад Нидерландтæм бырсын байдыдта 1940-æм азы майы. Нидерландаг æфсад карзæй хъахъхъæдта Роттердамы сахар. Уыцы ныхмæлæуд ныссæндынæн немыц æркалдтой бомбæтæ Роттердамыл, уый уыд 1940-æм азы 14 майы. Сахар егъау зиан баййæфта: 24 мин амæддзæгтæ хæлд æрцыдысты 15 минуты дæргъы. 800 адæймаджы бæрц дзыхъмард фесты, 80 минæй фылдæр систы æнæхæдзар, Роттердамы зæронд центр хæлддзаг фестад.

Уыцы цау у сахары историйы зынгæдæр трагеди. Роттердамы центры лæууы мысæн мæсыг, уый мидæг æвæрд дзæнгæрæг алы бон дæр цæгъды бомбакæлæн 1940-æм азы куы райдыдта, уыцы иу рæстæг.

[баив æй] Этникон сконд

Роттердамы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты эмигранттæ — сæ фылдæр Суринам, Турк æмæ Æввæхс Скæсæнæй. Роттердамы бургомистр (мэр) сси Ахмед Абуталеб — Ныгуылæн Европæйы фыццаг мэр, Европæйы æдде чи райгуырд æмæ йæ динмæ гæсгæ пысылмон чи у, ахæм. Абуталеб райгуырд 1961-æм азы Мароккойы, æхсæрдæс азы йыл куы цыди, уæд йæ ныййæрджытæ йæ семæ райстой Нидерландтæм.

[баив æй] Æхсæнадæмон организацитæ

Роттердамы у Æппæтдунеон эсперантойы ассоциацийы сæйраг къантор (эспер. Centra Oficejo de UEA).