Рейн
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Рейн | |
|---|---|
| нем. Rhein, фр. Rhin, нидерл. Rijn | |
| Кæм кæлы | Герман, Швейцари, Лихтенштейн, Франц, Люксембург, Бельги, Голланди |
| Гуырæн | Альпæтæ |
| Донæфтæн | Цæгат денджыз |
Рейны картæ |
|
| Бассейн | Цæгат денджыз |
| Цæугæдæнтты бассейн | Неккар, Майн, Вуппер, Иттер, Дюссель, Рур (рахизырдыгæй); Ааре, Мозель, Маас (галиуырдыгæй) |
| Дæргъ | 1 233 км |
| Бассейны фæзуат | 185 000 км² |
| Цæугæдоны уырдыг | 1,96 м/км |
| Гуырæны бæрзæнд | 2 345 м |
| Донæфтæны бæрзæнд | 0 м |
| Доны хардз | 2 330 м³/с |
Рейн (нем. Rhein, фр. Rhin, нидерл. Rijn) у цæугæдон Ныгуылæн Европæйы. Йæ дæргъ у 1 233 км. Бассейны фæзуат 185 000 км². Рейны бындурон фæрсагдæттæ сты: рахизырдыгæй — Неккар, Майн, Вуппер, Иттер, Дюссель, Рур; галиуырдыгæй — Ааре, Мозель, Маас.
Доны астæуккаг хардз дæллаг гуылфæны у 2 330 м³/с. Рейны донвæд наудзон у 952 км уæлæмæ суанг Базелы уонг.
Рейны былы бындурон сахартæ сты (дæлæйæ уæлæмæ): Арнем (Голланди), Дюссельдорф, Кёльн, Бонн, Майнц, Мангейм, Вормс (Герман), Страсбург (Франц), Базель (Швейцари).
-
Лорелейы уынд
-
Хид Рейны сæрты
-
Рейны цыд Кёльны
-
Рейны цыд Дюссельдорфы