РЦИ — Аланийы транспорт æмæ фæндаггон хæдзарады сгуыхт кусæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы транспорт æмæ фæндаггон хæдзарады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй уæлдæфон, æфсæнвæндаджы, автомобилон æмæ транспорты æндæр хуызты, стæй фæндаггон хæдзарады къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, уыцы дæсны кусджытæн куыстады ахадындзинад фæуæлдæр кæныны, транспортон фæрæзтæй хуыздæр пайда кæныны, ласæггæгты хиаргъ фæаслам кæныны, транспортон лæггæдты хъæд фæуæлдæр кæныны, материапон авналæнтæ æмæ артаг фæстауæрц кæныны æмæ фæндæгты арæзтады æдасдзинадæн фадæттæ аразыны хъуыддаджы æнтыстдзинæдты тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».