Пысыра

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Пысыра

Пысыра, дыгуронау пусура, пурса (латинаг классификацимæ гæсгæ Urtica) хъæздыг у алыхуызон витаминтæ æмæ микроэлементтæй. Ис дзы: витаминтæ К, С æмæ В гликозид, пантотены туагад, эфиры зетитæ, сæкæр, æфсæйнаг, кальций, калий, сондон æмæ æндæртæ.

[ивын] Пысыра адæмон медицинæйы

Пысырайы сыфты дон хорз ахъаз у туг буарæй æддæмæ куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн, доны хуыпп цæмæй тагъддæр æвзæра, уымæн, буары тæвд æрæппарынæн, хъæдгæмттæ тагъддæр байгас кæнынæн.

Æндыснæгæй чи фæсæйы, уымæн йæ фæтасæнтæ тынг куы фæриссынц, уæд уыцы риссаг бынæттыл пысырайы сыфтæ куы сæвæрай, уæд сæ рыст иуцасдæр фæкъаддæр вæййы. Уæдæ йæ уидæгты цы сæкæр ис, уый æххуысæй та фæрогдæр вæййы рынчыны хуыфæг, йæ хæппæр феуæгъд вæййы æмæ æнцондæрæй схауы.

[ивын] Пысыра куыд традицион хæринаг

Пысырайы æвзартæм ахæрынмæ цы ирон лæг нæ бабæллы, ахæм бирæ нæй, адджынæн сæ фæхæрынц æууæрцъыгондæй.

[ивын] Кæс ноджы

Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Urtica

Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл