Номылус

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Номылус (дыгур. номбæлуосæ) — Ирыстоны уæлдæр социалон фæлтæрты фæрссаг, æнæххæстбар бинойнаг; æркодтой-иу æй сæ дæлбар зæхкусæджы бинонтæй.

Йæ уавæрмæ гæсгæ, номылус хæстæг лæууыд, уырыссаг æвзаджы «наложница», зæгъгæ, кæй хуыдтой, ахæм сылгоймагмæ. Фæлæ номылус сæрибардзинадæй хайджын дæр уыдис.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.