Нæртон симд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Нæртон симд — рагон ирон дыууæуæладзыгон кафт.

Раджы заманы Ногбоны æртыты алыварс 35-40 аздзыд нæлгоймæгтæ кафыдысты нæртон симд. Фыццаг къорд-иу кæрæдзимæ æнгом балæууыдысты, алчи хæцыд йæ сыхаджы роныл. Нæлгоймæгты дыккаг къорд-иу схызт фыццæгты уæхсчытæм. Адон дæр кæрæдзийы рæттыл хæцыдысты. Уæллаг къорды архайджытæ бынмæ хъæр кодтой: «Бакувут!» Дзуапп сын-иу радтой: «Дæлæмæ æрхаут!» Стæм хатт, цæмæй быннæгты уæхсчытыл уæз тынгдæр æрцæуа, уый тыххæй-иу уæллæгтæ семæ гал систой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый мæстæй марыны тыххæй нæ уыд — ацы кафт бæрæг кодта тыхджындæр æмæ сæрæндæрты.

Зарæггæнгæйæ æгас мæсыг сындæггай зилын райдыдта: уæд рахизырдæм, уæд галиуырдæм.

Нæртон симд кафыдысты сабыргай, заргæ-зарын; хицæн кодта йæ фидауц змæлдæй.

Ацы кафтæй-иу фесты стыр бæрæгбæттæ. Кафыдысты айдагъ иу хъæуы нæ, фæлæ æгас зылды цæрджытæ, нæлгоймæгты нымæц-иу 200 уæлæмæ ахызт.

Рæстæгимæ ивтой кафты миниуджытæ дæр. Кафыны бар æрмæст аслæгтæн нæ, фæлæ фæсивæды сæрæндæртæн дæр лæвæрд æрцыд.

Фæстæдæр кæцыдæр нæртон симды сылгоймæгты фенæн дæр уыд. Æгас мæсыгы алыварс, къухтæ фæйнæрдæм айтындзгæйæ, уæздан кафт кодтой, раст цыма урс цъиутæ уæлæрвты тæхынц, уыйау. Дыккаг уæладзыджы архайджытæ иу бынмæ куы æргæппытæ кодтой, уæд быннæгтимæ-иу зиллаккы алæууыдысты. Уый фæстæ нæлгоймæгтæ сылгоймæгтимæ тымбыл сарæзтой æмæ дарддæр сæ кафты куыст кодтой.