Мраморы денджыз
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мраморы денджызы уынд Стамбулæй
Мраморы денджыз (тур. Marmara Denizi, ном равзæрди, урс мрамор кæм амал кодтой, уыцы сакъадах Мармары номæй; раггрекъаг ном — рагон грекъ. Προποντίς Пропонтидæ) у Атлантикон фурды денджыз, æрбынат кодта Турчы европæйаг æмæ чысылазиаг хæйттæй.
Цæгат-скæсæны Босфоры донкъубалы фæрцы баст у Сау денджызимæ, хуссар-ныгуылæны — Дарданеллты донкъубал æй бæтты Эгейы денджызимæ.
Денджызы алфамбылай рагзаманæй цæрынц адæймæгтæ.
Мраморы денджызы дæргъ у 280 км, уæрх та — 80 км. Фæзуат у 11 472 км². Доны рæстæмбис бæрцуат 4 тыс. км³, æрфад — 1355 м.
Мраморы денджызы былгæрæтты бирæ цæрæнрæттæ и. Илмæ (провинцимæ) гæсгæ уыдон сты: