Моабиты тетрад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Моабиты тетрад» (тæт. Moabit dəftəre, Моабит дәфтәре), зæгъгæ, афтæ хуыйны, тæтæйраг поэт Муса Джалиль Моабиты ахæстоны кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæты цикл. Уацмыстæ фыст сты тæтæйрагау латинаг дамгъæтæй.

1946 азы раздæры хæстуацайраг Нигмат Терегулов æрбахаста Тæтæры фысджыты цæдисмæ, Джалилы æхсай æмдзæвгæйы бæрц кæм уыдис, ахæм блокнот. Иу аз фæстæ Брюсселы советон консуладæй æрцыдис дыккаг тетрад. Моабиты ахæстонæй йæ рахаста бельгиаг Андре Тиммерманс, æмæ поэты фæстаг фæндон æххæстгæнгæйæ, арвыста йæ райгуырæн бæстæм. Уыди ма æмдзæвгæты иу моабитаг æмбырдгонд. Уый æрласта Габбас Шарипов. Терегулов æмæ Шариповы бамидæг чындæуыдис ахæстоны æмæ фæмардысты сталинон лагерты.

1946-æм азы январы Ромы сахары, Италийы советон минæварадмæ Турчы æмбæстон тæтæйраг Казим Миршан ноджы иу тетрад æрбахаста. Æмбырдгонд арвыстæуыдис Мæскуымæ, фæлæ уым æбæрæгæй фесæфтис. Æмбырдгонд бахаудис Æддагон бастдзинæдты министрадмæ, фæстæдæр та СМЕРШ-ы хайадмæ. 1979 азæй ацы тетрæдтæ фæцагуырдæуыдис æнæ ’нтыстæй.

Дыууæ тетрады уыдис сæдæ æмдзæвгæйы бæрц. Уыдон фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты 1953 азы, «Литературон газет»-ы, ацы газеты уæды сæйраг редактор Константин Симоновы руаджы. 1957-æм азы авторæн ацы циклы тыххæй фæсамæлæт (уырыс. посмертно) саккаг чындæуыдис Ленины преми.