Мешхед

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Мешхед
перс. مشهد
36°18′25″ с. ш. 59°36′15″ в. д.HGЯO
Паддзахад Иран Иран
Остан Хорасан-Резави
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 818
Фæзуат 204 км²
Центры бæрзæнд 985 м
Сахатон таг UTC+3:30
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 3 208 000 ад. (2020)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +98 513
mashhad.ir
Мешхед (Иран)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мешхе́д (перс. مشهدMašhad) — сахар Ираны цæгат-скæсæны, Хорасан-Резавийы провинцийы административон центр. Цæрджыты нымæц — 2,5 милуан адæймагæй фылдæр (ацы нымæцмæ гæсгæ цæрæнран у бæстæйы дыккаг сахар). Сахар æмæ сахаргæрæтты иумæйаг фæзуат у 27000 квадратон километрæй фылдæр. Мешхед æрбынат кодта Ираны сæйраг сахар Тегеранæй 90 км æддæдæр. Сахармæ хæстæг ис хæхбæстæ Хезер-Дарре æмæ Гаре-Даг, денджызы æмвæзадæй 980 метрæй бæрзонддæр.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мешхед у шииттæн табуйаг сахар. Уым ис, Ираны пысылмæттæн уæлдай табуйаг чи у, уыцы Имам Резайы мавзолей. Æрвылаз Мешхедмæ æрцæуынц 20 милуан динбæлццон (паломник) æмæ туристмæ ’ввахс.

Мешхедæн йæ историйы дæргъы уыди ахсджиаг политикон, культурон æмæ динон артдзæсты нысаниуæг. 818-æм азы, Тусмæ хæстæг, Санабады хъæуы фæзиан шиитты 8-æм имам Али бен Муса ар-Рида (Ираны йæ хонынц — Имам Реза), халиф ал-Мамунæйы сиахс. Таурæгъмæ гæсгæ, марджы фæрцы йæ амардта Багдады тæккæ популярондæр халифтæй иуы, Харун Ар-Рашиды фырт. Резайы хъизæмайраг амарды бынат (араббагау — машхад) табуйаг у пысылмæттæн, уæлдайдæр шииттæн. Йæ мардæвæрæны бынаты цасдæр рæстæг фæстæ сарæзтæуыд Имам Резайы мавзолей. Фæстæдæр, сахар Тусы фехæлды дуджы, Синабады хъæу райдыдта рæзын æмæ стырдæр кæнын, æмæ фæстагмæ сси сахар Мешхед. Фыццаг хатт дзырд «машхад»-æй сахары номæн спайда кодта X æнусы географ ал-Мукаддаси. Араббаг бæлццон Ибн Баттутæ та XIV æнусы фыста «сахар Машхад ар-Рида»-йы тыххæй.