Мароккойы æмбонд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бур у Мароккойы дæлбар территори Ныгуылæн Сахарæйы

Мароккойы æмбонд у, йæ дæргъ 2500 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæм иргъæвон амæддзæгты системæ Ныгуылæн Сахарæйы территорийыл. Уыцы системæ сарæзта Мароккойы хицауад, Мароккойы дæлбар территоритæ ПОЛИСАРИО-йы растджытæй хъахъхъæнынмæ. ПОЛИСАРИО дæсгай азты дæргъы Ныгуылæн Сахарæйы хæдбардзинадыл хæцы. Сахарæйаг растджытæ Мароккойы æмбонд хонынц Худинаджы æмбонд.

Æмбонды арæзтад райдыдта 1981-æм азы æмæ фæцис 1987-æм азы.