Марихуанæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гæн
Марихуанæ

Марихуа́нæ (исп. marijuana, marihuana) — гæнæй исгæ психоактивон хос. Адæймаджы организмыл тæфагдард сты гæны цы психоактивон буарæдтæ ис, уыдон (каннабиноидтæ), се ’ппæтæй ахадæгдæр у — дельтæ-9-тетрагидроканнабинол. Специалисттæ дзы уæлдайнымад кæнынц гæны æртæ хуызы: Cannabis sativa, Cannabis indica æмæ Cannabis ruderalis, фæстагы тетрагидроканнабинолы бæрц æппæты къаддæр у.

Ном æмæ синонимтæ[ивын | Бындур ивын]

Ис цалдæр версийы йæ номы февзæрдæн. Фыццаг фыссгæ кой, дам, ыл скодта этнограф Джон Г. Бурк 1894 азы, куы ’мбарын кодта Рио-Грандейы былтыл цы зайæгой mariguan зади, уыйы. Англисаг æвзагмæ бахауди Мексикæйæ рацæугæ кусджыты фæрцы æмæ уый тыххæй нымад у, цыма "индейæгты" æвзагæй æрбайсгæ у. Фæлæ зайæгой йæхæдæг Ног Дунемæ Зæрондæй ласт кæй уыди, уыйадыл "мæрихуанæ" этимологон баст кæнынц китайаг, кæнæ семиттаг бынтимæ.

Гæнæн ис бирæ сленгон æмæ "бынатмæгæсгæ" нæмттæ.

Индийы цы гæн фæлхас кæнынц, уый этæлоныл нымадау у æмæ дзы хицæн кæнынц æртæ мыггагы: бханг, гæнджа æмæ чарас. С’ æдыхдæр æмæ асламдæр у бханг, истæуы хус æмæ карст сыфтæртæй, æппытæй æмæ хъæдтæй. Ганджа та æвзæргæ у, хæрззылд кæмæ цæуы, ахæм сылон гæны æмдидинтæй æмæ у бхангæй дууæ-æртæ хатт хъæддыхдæр. Чарас у — сыгъдæг писи, Æввахс Скæсæны хуыздæр зонгæ у куыд гашиш.

Анашæ — сленг-ном мæрихуанæ æмæ гашишæн. Уырыссагаудзурæг адæмы ’хсæн апарахат ис 1970-æм æзты, продуктты стыр импортимæ Чуйы дæлвæзæй. 1986-æм азæй фæстæмæ, Айтматов Чингизы роман "Плахæ"-йы руаджы, ныхас "анашæ" ахъуызыд литературон æвзагмæ æмæ дзы пайда кæнын райдыдтой канд публицистикæйы нæ, фæлæ ма аивадон литературæйы дæр.

Ганджа — тауæн-гæны æмæ ма гæнæй конд психæтропон продуктты индиаг ном. Ганджа рауадзынæн нæгуырдзуагъд сылон æмдидинтæ æркалынц иу рæдзæгъдмæ æмæ цæ къахæй æртъæпп-æрътæпп кæнынц, кæнæ цæ чысыл тахынæгты хуызон стухынц; стæй цæ ныууадзынц хурмæ, атухтытæ æмæ та сæ ахустæ кæнынц, цалынмæ æнæхъæн массæ суа раст консистенци æмæ йе ’мдидинтæ та рауадзой фаг писи, цæмæй гæны кæрæдзийыл хæцын кæна.

Гаши́ш (перс. حشیش‎, «хаше́ша» — «хус кæрдæг, хос») — психотропон буаргъæдты æнæхъæн рæгъы иумæйæг ном, кæдон ма хонынц "каннабиноидтæ". Сæ иу, ТГК (дельтæ-9-тетрагидроканнабинол) у сæйраг психотропон хай гæны мидæг.

1970-ты æмæ 1980-æм æзты иртæстытæм гæсгæ, хуымæтæджы хусгонд гæн æд сыфтæртæ æмæ æд хъæдтæ, хæддардта 2-4% тетрагидроканнабинолæй (хицæн сериты та йæ бон уыди 10% фæфылдæр уæвын), каннабинолæй 0,31%, æмæ каннабинолы туагадæй æндæр скæнгæтæй 0,05%.

Гæны селекцигæнæн мыггæгты ТГК-йы хæддард вæййы фылдæр, кæнæ та йын æй бынтон дæлæмæ æруадзынц, садзыны нысанмæ гæсгæ. ТГК иунæг зондыл тæфаггæнæг буаргъæд нæу, фæлæ уæддæр у йæ сæйраг дæр. Адæм æмæ цæрæгойтыл иртастытæм гæсгæ, гæны экстракттæ, дам, дæттынц дууæ, кæнæ фылдæр хатт тынгдæр эффект хуымæтæджы тетрагидроканнабинолæй цы ’нхъæлды уа, уымæй.