Мæнæу

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæнæуы æфсиртæ

Мæнæу, дыгуронау мæнæуæ (лат. Triticum) у иуазон кæрдæг, бирæ бæстæты (Уæрæсейы дæр) хъæууон хæдзарады у сæйраг хоры культурæ. Йæ хорæй кæнынц ссад, уымæй та дзул, макаронтæ, адджинæгтæ. Бæгæныйы иуæй-иу сорттæ дæр мæнæуæй кæнынц.

Мæнæухор фылдæр кæнынц Китай, Инди, АИШ æмæ Уæрæсейы.

Мæнæухоры конд бæстæмæ гæсгæ[1]
мин т.
Бæстæ 1985 1995 2005
Китай 85 807 102 211 96 160
Инди 44 069 65 767 72 000
АИШ 65 975 59 404 57 106
Уæрæсе 21 000 30 119 45 500
Франц 28 784 30 880 36 922
Канадæ 24 252 24 989 25 547
Австрали 15 999 16 504 24 067
Герман 13 802 17 763 23 578
Пакистан 11 703 17 002 21 591
Турк 17 032 18 015 21 000


Фиппаинæгтæ [ивын]