Лонгйир
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Ло́нгйир (Ло́нгъир, Ло́нгьир, Ло́нгиир, Ло́нгйирбюен) (норв. Longyearbyen) у Шпицбергены (Норвегийы провинци) стырдæр сахар æмæ административон центр.
1943-æм азы 8 сентябры цæрæнран ныппырх кодта гермайнаг линкор «Шарнхорст», хæсты фæстæ йæ ногæй рацарæзтой.
Иугонд Нациты Организацийы уынаффæмæ гæсгæ Лонгйиры цæуы дунейы нæмгуыты æфснайæны арæзтад. Егъау нæмгуыты æфснайæн къæдзæхы мидæг хъахъхъæндзæн ахджиагдæр хъæууонхæдзарадон культурæты нæмгуытæ, дунейы алы бæстæйæн дæр дзы рахицæн кæндзысты хайад. Уыцы æфснайæн бахъæудзæн, дунейыл исты егъау бæллæх куы æрцæуа (метеориты хауын, ядерон хæст, фурды æмвæзад бæрзонддæр кæнын), уæд.