Лабæ (цæугæдон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лабæ
Лабæйы уынд Псемены хутæрмæ ’ввахс
Лабæйы уынд Псемены хутæрмæ ’ввахс
Паддзахад Уæрæсе
Кæм кæлы Краснодары край, Адыгей
Гуырæн Стыр Лабæ æмæ Чысыл Лабæйы баиугæнд
Донæфтæн Хъобан
Хъобаны бассейн
Хъобаны бассейн
Дæргъ 214 км
Бассейны фæзуат 12 500 км²
Доны хардз 95,7 м³/с
Фарс ВикиКъæбицы

Лабæ[1] (абазагау амоны «лæдзæг») у цæугæдон Цæгат Кавказы, у Хъобаны цæугæдоны галиу фæрсагдон. Гуыры, дыууæ доны — Стыр æмæ Чысыл Лабæ кæм баиу кæнынц, уым. Ацы дыууæ доны та гуырынц Стыр Кавказы Сæйраг рагъы цæгатвахсыл.

Посёлок Мостовскойы дæлдæр цæугæдоныл цæуы Адыгей æмæ Краснодары крайы ’хсæн административон арæн.

Лабæйы дæргъ (Стыр Лабæимæ) у 347 км, Чысыл Лабæимæ баиуæй донæфтæны онг — 214 км. Бассейны фæзуат у 12 500 км². Донæфтæнмæ хæстæг былтæ сты уырдыгаив, доны цыд у сабыр.

Лабæмæ дон цæуы цалдæр хуызы: митæй, цъитийæ æмæ къæвдайæ. Лабæ дон ныссæлы декабры кæрон, фæлæ æрвылаз нæ, стайы та февралы кæрон — мартъийы райдиан. Сæйраг фæрсагдæттæ сты Чамлык (рахиз) æмæ Фарс (галиу).

Лабæйы донæй пайдагонд цæуы донхæрæгæн.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.