Къуымбил

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Австралиаг къуымбилдæттæг фыстæ фосдарынадон равдысты, 2005

Къуымбил, дыгур. цъопп у ахсджиаг æрмæг, фасынц кæнæ æлвынынц æй фыстæй æмæ сæгътæй.

Ирон адæмы истори нын куыд амоны, афтæмæй ирон адæмы рагфыдæлтæ — скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ — кодтой цæугæ цард. Фæстагмæ сæ байзæддæгтæ æрбынат кодтой Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл. Кодтой зæххы куыст, дардтой фос, цыдысты æххуырсты æмæ кодтой цуан дæр. Сæ царды сæм иууыл пайдайагдæр фæкастис фос дарын, уæлдайдæр та лыстæг фос: фыстæ, сæгътæ.

Уымæ гæсгæ ирон сылгоймæгтæ раджы райдыдтой къуымбилы куыст кæнын: пирын, æлвисын, къуыбылой тухын, æхснудын, цъында кæнын æмæ тынтæ уафын. Кодтой цухъхъатæ, басылыхътæ, куырæттæ.

Уæззау уыд сæ куыст сылгоймæгтæн, уæлдайдæр та нæзы цырагъы рухсмæ.

Къуымбилæй тын уафынæй дарддæр ма ирон сылгоймæгтæ быдтой къæбæлтыл дæр. Уыдис ахæм сылгоймæгтæ, æмæ-иу бон иу фæлыст цъындатæ абыдта. Къуымбилæй быд дзаума стæгнизæн пайда у, адæймагæн йæ син кæнæ йæ уæраг куы фæриссы, уæд уымæн. Къуымбил цас дæрзæгдæр уа, уыйас хуыздæр у. Раздæр ма фысы царм дардтой сæ быны гобаны бæсты дæр.

Æппæт уæлæдарæс кодтой фылдæр къуымбилæй, тинтычъи æмæ сæхъисæй. Сæхъис æмæ тинтычъи фасынц æмæ æлвынынц сæгътæй. Сæгъæй тинтычъи фастой хъæдын, ставддæндаг сæрвасæнæй. Фасын та хъæуы хуыскъ сæгъ, кæнæ нæл сæгъ. Заинаг сæгъæн тæссаг у фефтауынæй.

  • Уæргъуын. Уæргъуын къуымбил у уæрыччы хъуын, уæрыккæй фыццаг хатт кæй ралвынынц, уый. Уæрыччы къуымбил у фæлмæн, фæлæ уайгæ кæны. Уæрыччы къуымбилæй кодтой уæйлаг нымæт, худтæ, раздар æмæ дзы ныр дæр рæтауынц хъæццултæ. Æууæрстой ма дзы нымæттæ дæр. Уыцы нымæттæ кодтой сæ быны, бæхы саргъы бын, хуыдтой дзы нымæтын хъусджын дзабыртæ. Сæ быны-иу æй кодтой фæсалæй лыстæны уæлæ гобаны бæсты.
  • Фæсæлви. Фæсæлви къуымбил у, уæрыккæй дыккаг хатт кæнæ дыккаг аз кæй сæлвынынц, уый. Кæнæ ма йæ хонынц далысы хъуын дæр. Уыцы къуымбил дæр у фæлмæн къуымбил. Хæццæ йæ кодтой иннæ къуымбилтимæ нымæттæ æмæ хъæццултæ кæнгæйæ.
  • Фист, дыгур. фест. Фист къуымбил та у, фысæй фæззæджы кæй ралвынынц, уый. Уый у дæрзæгдæр хъуын, фæлæ уайгæ нæ кæны. Фист къуымбилæй кæнынц гобæттæ, хъæццулæн нæ бæззы. Фист къуымбил уайгæ нæ кæны, фæлæ æгæр дæрзæг куы вæййы, уæд ын йæ дæрзæг хилтæ авзарын хъæуы æмæ йæ стæй афтæмæй бапирын.

Ирон адæм раджы дæр æлвыстой æмæ ныр дæр æлвисынц фарсыл æмæ къусы. Къуымбил, тинтычъи, сæхъис æлхуыйыл тыхтæй хуыйны æлвыст. Æлвыстытæ сты лыстæг, ставд æмæ астæуккаг æлвыст. Къуымбилæй ставд æлвисын хъуыдис зæнгæйттæн. Астæуккаг æлвыст та хъæуы къуымбилæй уæлæдарæс æмæ цъындатæ бийынæн, лыстæг æлвисын та — тынтæ уафынæн.

Фæлæ ма ис тынг лыстæг æлвыст дæр, кæлмæрзæнтæ бийынæн. Кæлмæрзæнтæ фæбийынц тинтычъийæ. Фæлмæнхъуын кæлмæрзæн сæгъы хъуынæй. Ахæм хъуын æлвыстимæ фæтухынц, иу таг лыстæг хуыйæн æндах æмæ иу таг та пуховкæйæ æлвыстæй. Уæд вæййы хорз, кæннод тынг уайаг у. Æндæр исты дзаумæттæ дæ куы хъæуа, уæд та йæ æлвисын хъæуы ставддæр æмæ йæ тухын хъæуы дыууæ тагы иумæ. Фæлæ та уæддæр æндахимæ тыхт куы уа, уæд хуыздæр у, фылдæр лæууы.

Тинтычъи къусы æлвисæн æлхуыйыл у æнцондæр æлвисæн. Фарсыл æлвисгæйæ, скъуыйаг у йе ’ндах, уымæн æмæ йæ уæдæртт дæр уæззау у.

Æлвыстытæ тухгæ-тухын куы аскъуыйой, уæд цы æлвыст аскъуыйа, уый балхынцъ кæнын фæхъæуы фæстæмæ скъуыд кæрæтты. Скъуыд кæрæттæй иу кæрон иуырдæм, иннæ кæрон та иннæрдæм æмæ сæ афтæмæй райдай фæстæмæ тухын. Фæлæ йæ æгæр цъуппытыл куы балхынцъ кæнай, куырм æлхынцъ, уæд цъындабыды æмæ тынуафты дæр æвзæр разыны.

Уæдæ æлвыст у, къуымбил куы бапирай, фатдзæгъдæнæй йæ куы схæццæ кæнай æмæ йæ куы æлвисай, пирæнгæмттæй, уæд уый.

Къуымбилы цонг æлвисгæ-’лвисын куы аскъуыйа, уæд æй баиу кæнын фæхъæуы къуымбилæн йæхицæй. Æлвыст цæмæй ма аскъуыйа, уый тыххæй йæ æмхуызон хъæуы æлвисын. Стæй æлвыст цæмæй æмхуызон уа, уый тыххæй йæ аразын хъæуы, къуымбилыл кæм хæцыс, уыцы къухы хилтæй. Къуымбил къухы хилтæй æгæр куы фелхъивай, уæд æлвысты хал æвиппайды фæлыстæг вæййы æмæ аскъуыйы тæбыны хал (æлвысты хал). Фæлæ къуымбилæй æлвысты халмæ æмхуызон куы уадзай, уæд æлвыст рацæуы æмхуызон.

Иу таг сæхъисæй лыстæг æлвыст æмæ иу таг та къуымбилæй ставддæр æлвыст иумæ куы стухай (къуымбилæй), уæд уыцы дзаума вæййы рæсугъд, уымæн æмæ къуымбилæй тæбын ис мидæгæй, сæхъисæй хъуынтæ та фæлæууынц раст æддæмæ. Æрмæст сæхъис тагъд уайы æмæ йæ тагъд-тагъд æхсын нæ хъæуы. Бийын та йæ хъæуы уæгъд цæстæй.

Сæхъисæн ис ставд æлвисæн дæр, цæмæн дæ хъæуы, уымæ гæсгæ. Сæхъисы æлвыст иу тагæй æхснудæн нæй, уæд фæстæмæ хæлгæ кæны æмæ аскъуыйы йæ хал. Æхснудæн ис дыууæ кæнæ æртæ тагæй.

Къуыбылæйттæ куы стухæм, уæд сæ уый фæстæ та фæхъæуы æхснудын, ома, кæрæдзийыл тухын. Æхсныст тæбынæй цы сбийай, уый лæууы фылдæр.

Къусы æлвыст цы ирон сылгоймæгтæ кæнынц, уыдон æхснудгæ дæр къусы кæнынц, фæлæ уый зындæр куыст у, уымæн æмæ йæ фылдæр раскъуын-баскъуын фæхъæуы тæбыны. Стыр къуыбылой куы æхснудай, уæд æй æхснудын хъæуы дзарайыл. Раздæр, стæм ирон хæдзарæй дарддæр, алкæмæн дæр уыдис æхснудæн дзара. Фæлæ куыд фæстагмæ сæфын райдыдтой дзара æмæ тынуафæн мигæнæнтæ дæр. Æрмæст ма æлхуыйтæ æмæ уæдæрттытæ фенæн ис стæм хæдзары, уый дæр ацæргæ сылгоймæгтæм. Афтæмæй та фæсмæй конд дзаума у хъармдæр æмæ æнæниздæр.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]