Къаспы дæлвæз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къаспы дæлвæз спутникæй. 2002-æм азы май

Къаспы дæлвæз у, Къаспы денджызы цæгатаг былгæрæттыл чи æрбынат кодта, уыцы дæлвæз.

Географион ран[ивын | Бындур ивын]

Къаспы дæлвæзимæ цæгатырдыгæй æмарæн у Иумæйаг Сырт, ныгуылæнырдыгæй — Волгæйы дæлвæз æмæ Ергени, скæсæнырдыгæй — Уралы уæлвæз æмæ Устюрт. Дæлвæзы фæзуат у 200 мин кв. километрмæ æввахс. Денджызы æмвæзадæй у 149 метрæй бæрзонддæр, дæлвæзы хуссайраг хай у фурды æмвæзадæй дæлдæр (−28 м).

Къаспы дæлвæз у лæгъз уырдыгаив уæлцъар: куыдхæстæгдæр денджызмæ, афтæ цадæггай къул кæны. Дæлвæзыл ис цалдæр къуылдымы — Индеры хæхтæ, Стыр Богдо, Чысыл Богдо æмæ æндæртæ.

Къаспы дæлвæзыл кæлынц ахæм цæугæдæттæ: Урал, Волгæ, Терк, Хъуым æмæ æндæртæ. Чысыл цæугæдæттæ (Стыр æмæ Чысыл Узень, Уил, Сагиз) сæрдыгон бахуыскъ вæййынц æмæ фæхицæнтæ вæййынц цалдæр агауыл. Уыдонæй та рауайы цадтæ — Камыш-Самарæйы цадтæ, Сарпины цадтæ.

Геологион сконд[ивын | Бындур ивын]

Къаспы дæлвæз кæм æрбынат кодта, уым ис цалдæр дынджыргомау тектоникон структурæйы (Къаспы синеклизæ, Ергенийы фæхæрд, Ногъайы æмæ Терчы къуырфытæ).

Бæстыхъæд æмæ зайæгойтæ[ивын | Бындур ивын]

Бæстыхъæд у хус, континенталон. Рæстæмбис температурæ: январы −14° цæгаты, æмæ −8° хуссары (денджызгæрон); июлы та уыцы рæтты: +22°, +23°. Баддзæгтæ: хуссар-скæсæны — 150–200 мм, цæгат-ныгуылæны — 350 мм-ы онг. Арæх вæййы хус дымгæтæ.

Къаспы дæлвæзы арæх æмбæлынц цæхдзæстытæ[1].

Экономикон ахадындзинад[ивын | Бындур ивын]

Дæлвæзæй пайдагонд цæуы хизæнуатæн.

Волгæ-Ахтубæйы поймæйы дарынц бахчатæ, кæнынц дыргъ æмæ халсары куыст.

Дæлвæзы цы Къаспы нефтгазджын провинци ис, уым амал кæнынц нефт æмæ æрдзон газ. Цадты та амал кæнынц цæхх (Баскунчак, Эльтон æмæ æнд.).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]