Кочысаты Мухарбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Перейти к: навигация, поиск
Кочысаты Мухарбеджы къам
Кочысаты Мухарбеджы къам

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег (райгуырд 1920 азы 1 майы Олгинскæйы, амард хæсты быдыры Украинæйы 1944 азы 17 апрелы) уыд ирон журналист æмæ поэт.

Поэт Кочысаты Мухарбеджы сæйраг темæтæ удысты:

  • Поэт æмæ поэзийы темæ («Мæ фæндырмæ», «Къоста Херсоны»);
  • Интимон лирикæ («Æз федтон дæу, æмæ та ногæй», «Талынг æхсæв алыгъд», «Æз уарзын», «Бахсæв и», «Сау цæстытæ» æмæ æндæртæ);
  • Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ («Фыдыбæстæ», «Адæмы маст», «Фæстаг салам»);
  • Мады темæ («Хъæмæ», «Фыстæг мæ мадмæ»).
Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнæг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст;
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

Æмдзæвгæйæ «Фыстæг мæ мадмæ», 1943.

[баив æй] Литературæ

  • Джыккайты Шамил. Ирон литературæйы истори (1917—1956 азтæ). Дзæуджыхъæу: Ир, 2003. Ф. 353—358.


Æндæр æвзæгтыл