Козаты Исидор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Козаты Софроны фырт Исидор (райгуырдис 1929-æм азы 3 майы Хъорнисы — амардис 1986-æм азы 9 августы) — ирон поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Исидор каст фæци хъæууон скъола æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы факулътет.

Козаты Исидор куыста бирæ бæрнон бынæтты, уыдоны ’хсæн Хуссар Ирыстоны радиокомитеты сæйраг редакторæй, газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы культурæйы хайады сæргълæууæгæй æмæ газеты бæрнон нымæрдарæй. Дыууæ хатты æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдарæй.

Рацыдис ын къорд поэтикон чиныджы, сæ зынгдæртæ сты: «Хæхты фæдисон» (Цхинвал, 1963), «Мæ зарæг — Ирыстон» (Цхинвал, 1969), «Æгъуыссæджы сагъæстæ» (Цхинвал, 1981).[1]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012