Ковбой

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Актёр Уилл Роджерсы къам ковбойты уæлæдарæсы

Ковбой (англ. cowboy ома cowхъуг æмæ boyлæппу) — ацы номæй АИШХъæддаг Ныгуылæны хуыдтой фосы хъомгæсты. Ковбойты дуг райдыдта 1865-æм азы, уæд бахъуыдис тæрын, чи схъæддаг ис, ахæм тынг стыр хæдзарвосы рæгъæуттæ Техасы территорийæ. Ацы дуг йæ кæронмæ æрцыдис-иу ссæдз азы фæстæ. Ковбойты æртыккаг хай уыдысты негртæ, кæдон хæдбар систы мидхæсты фæстæ, æртыккаг хай уыдысты мексикæгтæ, æртыккаг хай та Европæйæ ралидзджыты байзæддæгтæ.

Ковбойтæ скъæрдтой фос, хъахъхæдтой сæ, зæгъæм-иу сæ радардтой дард мидрайонтæй хæстæгдæр æфсæнвæндаджы станцæмæ. Талынгæй иу хъахъхæдтой лæууæны периметртыл æмæ иу кæрæдзиимæ бастдзинад дардтой куплетты фæрцы, афтæмæй райгуырдис ковбойаг зарæг, ковбойаг поэзи.

Развæдгæнджытæ æмæ ранчоты фæзынд Техасы[ивын | Бындур ивын]

Мексикаг фермертæ XIX-æм æнусы райдайæны

Ковбойты развæдгæнджытæ уыдысты Иугонд Штатты цæрæг мексикæгтæ, уыдон дардтой фос Техасы æхсæрдæсæм æнусæй, испайнæгты æрбафтыды рæстæгæй. Фосы фылдæр хай уыдысты æрдæгхъæддаг лонгхорнтæ (афтæ хуыйнынц даргъ сыкъаты фæрцы), уыдон арæх бынтон сæрибарæй рабыр-бабыр кодтой æнæкæрон прериты. Техасы цæрджытæ цардысты ранчоты, уыцы царды системæ æппæтæй дæр баст уыдис фосимæ, æмæ уыцы экономикон системæйы цы æууæлтæ æмæ уавæртæ фæзындис, уыдон фæстæдæр рафæзмыдтой америкаг ногæрцæрджытæ.

Техасаг Лонгхорн

Нудæсæм æнусы райдайæны Къæдзæхджын хæхтæй Миссурийы онг территоритæ уыдысты сæрибар хизыны зæххытæ. Фæстæдæр, мидхæст куы фæцис, уæд экономикон уавæр баивта, ацы территоритыл чысыл зæххы куыст кæнаг хæдзарæдтæ райдыдтой ивын фосы куыст кæныныл, æмæ стыр фосы рæгъæутты хицæуттæ сфæнд кодтой сæ фос цæгатырдæм тæрын. Уæд бахъуыдис бирæ бæхджын хъомгæстæ, цæмæй æрæмбырд кæной æрдæгхъæддаг фосы дзугтæ æмæ сæ дард фæндагыл атæрой, уæд фæзындис ковбойтæ.

Цæгатмæ фæндæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Deep Spring College

Ред-Риверæй хуссарырдæм штат Техасы лонгхорнтæ хæтыдысты æрдæгхъæддæгтæй. Уыцы рæттæй-иу сæ бахъуыд тæрын цæгатрыдæм Абилинмæ, Канзас. Ацы ран уыдис æфсæнвæндагы кæройнаг фадыг, уырдыгæй фос ласт цыдис Канзас-Ситимæ æмæ Чикагомæ.

1870-æм азы кæронмæ фосы транспортировкæйы маршруттæ афтæ ныддаргъ сты, æмæ иу фос рагацау æнæхъомылтæй райдыдтой тæрын сæрмагонд маршруттыл, цадæггай, цæмæй иу бынатмæ ныххæццæ уыдаиккой хъомылтæй æмæ хæрзхасттæй скæсæйнаг базартæм. Бынæттон фосы хицæуттæ бастдзинад дардтой цæгатаг фермертимæ дæр, кæдон сæхæдæг дарддой фос Колорадойы, Небраскæйы, Дакотæйы, Вайоминджы кæнæ Монтанæйы. Афтæмæй фæзыдис ног фосхасты системæ — уый бацахста раздæры ранчоты бынат. Ахæм сæрмагонд маршрутты сфæлдысты пионертæй иу Джесси Чизем, фыццæгтæй иу сарæзта ахæм маршруттæ Техасæй Канзасмæ. Бизнес уыдис æфтиагджын, фос иу æлхæдтой $ 5 æмæ иу Абилины онг сæ аргъ схызтис $ 40 онг.[1]

Уæдмæ ковбойы фигурæ ныффидар ис, æмæ бацахста йæ бынат ацы экономикон æмахæстыты. Ковбойтæ æфсады функцитæ æххæст кодтой фермертæн, тардтой æмæ хызтой сын сæ фос æмæ йæ хъахъхъæдтой бандитты ныббырстæй. Ковбойы хъуыдис хорз зонын фосимæ архайын, бæхыл бадын æмæ йæм зилын, хæцæнгарзæй иттæг хорз пайда кæнын. Уымæй уæлдай ма хъуамæ уыдаид тынг фæразон. Уыимæ сæ куыстæн бирæ æфтиаг нæ истой, иу рейсæн $ 90 бæрц.

Гаккæвæрд[ивын | Бындур ивын]

Ковбойтæ гаккæвæрд кæнынц. 1888

Гом ранчоты системæ сабыргай парахат кæны ныгуылæны. Фæлæ тынг бирæ фермæтæ кæй фæзындис, уымæ гæсгæ фосы хицæутты бахъуыд искуыд хи фос хицæн кæнын æндæр фосæй. Афтæмæй фæзындис гаккæвæрды системæ — алы хицауæн дæр уыд сæрмагонд гакк — ацы символ ссис исбонады нысан. Йæ аивд кæнæ сыхалд нымад цыдис серьёзон фыдракæндыл.

Родты иу цалынмæ сæ сæ мад нæ ныууагъта уæдмæ фæхицæн кодтой иннæ фосæй æмæ-иу уæд æрцыдис родеойы рæстæг. Ковбойтæ иу дыгæйттæй-æртыгæйттæй райдыдтой тæрын родты къордтæ сæрмагонд бынатмæ, уыдис тымбылæхгæд. Родты-иу бахъуыд тæрын цалдæр боны, уымæн æмæ фосы дзугтæ кæрæдзийæ дзæвгар дард уыдысты.

Гаккæвæрд æххæст кодтой афтæ: роды-иу сбастой æмæ-иу æй иу фарсыл æрæппæрстой, хæцыдысты-иу йыл дыууæ адæймаджы, æртыккаг та-иу архайдта сырхзынг сæрмагонд гаккæй. Гаккæвæрды фæстæ-иу роды суагътой фæстæмæ йæ мадмæ.

Гаккæвæрды рæстæг иу фæзындис ахæм проблемæ — иуæй-иу рæуæдæ иу фæхицæн сты сæ мадæй, кæнæ иу сæ æгæр раджы ныууагъта хъуг, уымæ гæсгæ иу нæ уыдис раиртасын — кæй родтæ сты уый. Кæй фæнды уый иу цæ æрцахста æмæ иу сыл йæхи нысæнттæ сæвæрдта. Ахæм практикæ тынг нæ цыдис сæ зæрдæмæ егъау фосы дзугтæ кæмæ уыдис уыцы фосы хицæуттæн. Уымæ гæсгæ фæстæдæр ныффидар уагæвæрд, кæцымæ гæсгæ абæрæг родты дих кодтой кæмæ цас хъуццытæ ис, уыцы пропорцитæм гæсгæ.

Ацы реформæимæ фæзындис бирæ æнæразытæ, сбирæ сты абырджытæ, кæдон барæй хицæн кодтой родты, æвæрдтой сыл æндæр нысæнттæ, кæнæ та иу гаккгонд куы уыдысты уæд иу дзидза ауæй кодтой, цæрмттæ та иу бамбæхстой. Уыдоны ныхмæ фосдарджытæ æххуырстой куыд детективты автæ æндæр фыдгæнджыты дæр. Стигъджытæ официалон æгъдауæй тæрхонгонд нæ цыдысты, цы тæрхон иу сын рахастой æрцахсгæйæ уый иу уайтагд бынатыл æххæстгонд æрцыдис. Æнæхъæн хæстытæ-иу бацайдагъ сты зæхкусджыты æмæ ногæрцæуджыты æхсæн, афтæ штат Вайоминджы хицауады бахъуыдис бæхджын æфсад арвитын цæмæй тугныккалд бауыромой.

Цард балцыты рæстæг[ивын | Бындур ивын]

Ковбойтæ æдзæрæг рæтты, Томас Икинсы ныв

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинтæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Hakim,Joy (1999),History of Us, Book 7,cap.12

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]