Касландзиа, Ахрæ Эдуарды фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ахрæ Касландзиа
Райгуырды датæ 1981(1981)
Райгуырæны бынат Сухум
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Абхаз Абхаз

Ахрæ Касландзиа (райгуырд 1981-æм азы сахар Сухумы; йæ ном абхазагау нысан кæны «къæдзæх») у Уæрæсейы зарæггæнæг, цæры Мæскуыйы.

Йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй[ивын | Бындур ивын]

Сухумы скъола каст фæци тынг æнтыстджынæй. 1998-æм азы æрцыди Дзæуджыхъæумæ. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы. Йæ фыццаг зарджытæ фыссын райдыдта Ирыстоны.

Сценæйыл зарын райдыдта 2006-æм азы. Йæ дебют уыди, «Студентон уалдзæг», зæгъгæ, уыцы конкурсы йæхи фыст зарæг куы азарыди, уæд.

Йæ фыццаг профессионалон ныффыст зарæгæн йæ ном уыди «Морæ цæстытæ» (уырыс. Карие глаза). 2007-æм азы академийы каст фæци сырх дипломимæ æмæ райста сывæллæтты хирурджы квалификаци.

Дискографи[ивын | Бындур ивын]

  • 2006 — Карие глаза (Морæ цæстытæ)
  • 2008 — Главные слова (Сæйраг ныхæстæ)

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]