Кадæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадæг, дыгур. кадæнгæ — фæндыры цагъдимæ кæй зарынц æмæ хицæн мелоди кæмæн ис, ахæм эпикон зарæг, таурæгъ.

Ирон адæмон сфæлдыстады кадджытæм хауынц æрмæстдæр Нарты æмæ Даредзанты таурæгътæ, стæй цалдæр героикон зарæджы (историон æмæ легендарон хъайтарты зарджытæ кадджытыл нымад нæ цæуынц æмæ сæ фæзарынц æнæ музыкалон фæсдзыд)[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.