Ирон цыхт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цæттæ цыхт

Ирон цыхтхъуджы кæнæ фысы æхсырæй ахсын у ирон адæмы рагон куыст. Хъуыстгонд у канд Кавказы нæ, фæлæ ма æппæт Уæрæсейы дæр (ирон цыхтæн ис паддзахадон стандарт — ГОСТ). Йæ æргом æм æрыздæхта Бетъырбухы æфсæддон-медицинон академи дæр, лабораторийы дзы систой анализ æмæ йын лæвæрд æрцыд бæрзонд бæрæггæнæн.

Цыхт ахсыны бар лæвæрд у сылгоймагмæ. Процесс у ахæм: æхсыр æрцæуы фæрсудзæны уылты уагъд стæй йæм бафтауынц ахсæн. Сахатмæ æхсыр бацахсы, æмæ йæ уæд хъæуы къухæй æрбамбырд кæнын, стæй та ныккæнын цыхтахсæн мигæнæны. Айзæрдынц йыл цæхх. Рæстæгæй рæстæгмæ цыхт афæлдахынц иу фарсæй иннæмæ.

Цыхт бæззы куыд айдагъæй хæрынмæ, афтæ чъиритæ, дзыкка кæнынмæ дæр. Зымæгмæ цыхтытæ хæндыджы сцæхджын кæнынц.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]