Илиайы аргъуан (Дзæуджыхъæу)
Хуыцауы пехуымпар Илиайы аргъуан у православон аргъуан Дзæуджыхъæуы. Æрбынат кодта Мещанты уæлмæрдты территорийыл. Аргъуаны Армдарæджы бон бæрæг кæнынц 2 августы.
Сæргæндтæ |
[ивын] Истори
Мещанты уæлмæрдты территорийыл аргъуангонды арæзтад райдыдта 1888-æм азы æмæ ахаста авд азы. Аргъуангонд хаудис Константин æмæ Еленæйы аргъуанмæ (уырыс. Константино-Еленинский храм) (ацы аргъуаны иконостас ныр дæр ма æфснайд у Илиайы аргъуаны). Арæзтадæн разамынд лæвæрдта Константин æмæ Еленæйы аргъуаны бæрнджын сауджын фыд Василий Жуков. 1895-æм азы июлы сахары инженер Фёдор Ковалёв фехъуысын кодта, аргъуангонды арæзтад кæй фæцис, уый, æмæ 11 августы Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы епископ Владимиры (Синьковский) раарфæйы фæстæ ногарæзт кувæндон ныххæлар чындис православон æгъдаумæ гæсгæ.
ССР Цæдисы цур чи уыдис, уыцы Уæрæсейы православон еклезийы хъуыддæгты фæдыл советы уынаффæмæ (25.09.48) гæсгæ аргъуангонд рацарæзтæуыд æмæ йын лæвæрд æрцыдис аргъуаны статус. Реставрацигонд æрцыдис протоиерей Григори Гончаровы бафыдæбоны руаджы.
[ивын] Аргъуаны табуйаг дзауматæ
Аргъуаны ис Мæздæджы Мады Майрæмы диссæгтæаразæг иконæйы фæлхат.
Аргъуаны кæрты ис бынæттон аргъуыцаг ус-моладзан Анастасияйы (Андреева) аргъуангонд.
[ивын] Клир
Протоиерей Василий Шауэрман — Цæгат Ирыстоны православон аргъуанты благъоц, Илиайы аргъуаны бæрнджын сауджын.
- Иерей Леонид Болтенков
- Иерей Георги Хворостьянов
- Иеромонах Иосиф (Березов)
- Диакъон Димитри Кондратьев
[ивын] Цымыдисаг факттæ
Илиайы аргъуан советон заманы паддзахады ’рдыгæй æлхъывд нæ цыдис, æмæ афтæмæй нæ сæхгæдæуыд. Аргъуан уыдис Дзæуджыхъæуы иунæг православон кувæн бынат.
[ивын] Аргъуаны адрис
362 008, Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани, Дзæуджыхъæу, Дзержинскийы уынг, 70.