Ижевск
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Ижевск (уырыс. Ижевск, удм. Иж, Ижкар) у уæрæсейаг сахар Удмуртийы, цæугæдон Ижы былтыл. Цæрынц дзы 613,3 мин адæймаджы (2008). Сахары фæзуат у 31 560 га.
Ижевск фæзынд 1760 азы куыд æфсæны завод. 1807 азæй фæстæмæ хæцæнгæрзтæ дæр дзы кодтой. Ныр дæр ахсджиаг промышленнон центр у: размæцыд дзы сты хæдтулгæаразæн, хæцæнгæрзы индустритæ, «Ижнефтемаш»-ы аразынц нефткъахджытæм алыхуызон машинæтæ.
1921 азы 10 июны Ижевск сси Вотякаг автономон облæсты (ома Удмуртийы) сæйраг сахар.
Сахары ис трамвайы 12 æмæ троллейбусы 11 маршруты.
| Удмуртийы сахартæ | ||
| Административон центр: Ижевск |