Зæрдæвæрæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Зæлдгæрдæн-æй æрвыст)

Зæрдæвæрæн, дыгур. зæлдæвæрæн, зæлдгæрдæн[1] у ног зианы кæндтытæй иу. Куыд равзæрд, уый ахуыргæндтæ амонынц дыууæ хуызы.

Фыццаг хуыз у афтæ, ома фыс аргæвдынц æмæ йын йæ зæрдæ цырты цур баныгæнынц. Уый ууыл дзурæг у, æмæ мард йæ бинонтæй рох нæу, мысынц æй.

Дыккаг хуыз ахуыргæндтæ афтæ æмбарын кæнынц: дыгурон æвзаджы ахæм дзырд ис зæлдæ (иронау нысан кæны нæуу). Уыцы бон-иу марды æгъдаумæ гæсгæ æфснайдтой ног ингæн, æвæрдтой йыл-иу нæуу.

Ныртæккæ дæр ма кæнынц ацы ритуал.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том