Дыууадæстæнон фæндыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дыууа́дæстæнон фæндыр у æппæты рагондæр музыкалон инструменттæй иу, къæдз арфæйы хицæн хуыз, йæ тæнтæ — бæхы хъисæй.

Дыууадæстæнон фæндыр нарты кадджыты хъайтартæй иуы — Сырдоны — æрхъуыдыгонд æмæ арæзт у. Хетæгкаты Къоста куыд фыссы, афтæмæй дыууадæстæнон æмæ хъисын фæндырæй цæгъдын нымад уыдис «æппæты курдиатджындæр нæлгоймæгты уæлвæткон барыл» æмæ йын ивгъуыд заманты стыр традицитæ уыдис.

Дыууадæстæнон фæндырæй цæгъдгæйæ нарты тыххæй сæ кадджытæ кодтой, раздæр Ирыстоныл хъуыстгонд чи уыдис, уыцы кадæггæнджытæ: Томайты Созырыхъо, Мæргъиаты Дзицо, Ханыхъаты Гисс, Гæззаты Алыксандр, Сланты Гæхæ, Хъаныхъуаты Никъа æмæ а.д.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.