Дудгæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Дудгæ

Дудгæ, дыгуронау дзодзæги (лат. Lepidium sativum; уырыс. Кресс-салат) у цæхæрадоны популярон зайæгой, йæ сыфты бон у хæрдмæ метры фылдæр æрзайын. Ацы хæрзад кæрдæг уарзон у алы кары адæймагæн дæр, бирæ культурæты Европæ æмæ Азийы. Базарты тæрхæджытæй дæр уымæн нæ цух кæны сæрдæй-зымæгæй. Хæрынмæ у фæлмæн, донджын. Хæрынц æй салаттимæ, бафтауынц æй дзидза æмæ кæсаджы алыхуызон хæринæгтыл.

Адæмон хосгæнджытæ дудгæйæ пайда кæнынц цинга æмæ туджы низты ныхмæ. Дзæбæх дзы кæнынц сывæллæтты низтæ золотухæ, диатез, хæлмæгтæ. Хæфгæнæг хъæдгæмттæн дзы аразынц сæрдгæ хос царвимæ.


Мигæнæнтæ
Номдæттæ

Варианттæ
Æркæстытæ
Архайдтæ
хъæугæ æрвитæнтæ
Бацархай
Мигæнæнтæ
Æндæр æвзæгтыл