Датæ Туташхиа

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Датæ Туташхиа» (гуырдз. დათა თუთაშხია) у гуырдзиаг фыссæг Чабуа Амирэджибийы историон роман. Фыст æрцыдис 19731975-æм азты, 1976-æм азы та йæ автор ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ.

Романы парахатæй æвдыст цæуы революцийы размæйы гуырдзиаг æхсæнад. Уацмысы сæйраг герой, гуырдзиаг мифтæй райсгæ муртаттаг ном Туташхи чи хæссы, уыцы Датæ Туташхиа йæхи раз æвæры стыр нысан: сыскъуынын æвзæрдзинад æмæ дуне фæхуыздæр кæнын. Йæ архайды азарæй уый фезнаг ис закъон æмæ паддзахадмæ, ссис абырæг.

Роман цалдæр хатты мыхуыры рацыдис Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы æмæ тæлмацгонд æрцыдис къорд европæйаг æвзæгтæм.

1977-æм азы уацмысмæ гæсгæ систæуыд бирæсерион фильм «Берега».