Гуыдырты ком

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гуыдырты ком
Мифологи Ирон мифологи
Тип мамм
Æмбаст персонажтæ Кæфхъуындар
Кæм цæры Урсхох (Ходыхъæумæ хæстæг)

Гуыдырты комХодыхъæумæ хæстæг Урсхохы фахсыл бадæг æвирхъау цæрæгой ирон мифологийы. Йæ уæллаг æфсæр уæларвмæ, йæ дæллаг та дæларвмæ. Ис æм ахæм миниуæг, æмæ æбуалгъ хуызы богъбогъгæнгæйæ йæхимæ æлвасы æмæ йе ’вирхъау дзыхæй ахсы цыфæнды дæр. Сæрды райдайæны æмæ тыллæг æфснайыны рæстæг-иу хæстæг хъæуты цæрæг адæм Гуыдырты комæн лæвæрттæ æрхастой æмæ дзы куырдтой, цæмæй хортæ ихæй ма ныццæгъда.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзадзиев А. Б., Этнография и мифология осетин, Владикавказ, 1994, стр. 44, ISBN 5-7534-0537-1