Гудисгом

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гудисгом (Хуссар Ирыстон)
Гудисгом
Гудисгом Хуссар Ирыстоны картæйыл

Гудисгом у ком Хуссар Ирыстоны. Æмарæн кæны ахæм кæмттимæ, куыд: Ципрангом, Хъобы ком, Тылигом, Чъимасгом, Джеры ком, Потнисагом æмæ Чапарухы комимæ. Йæ алыварс бæрзонддæр хæхтæ сты: Джермугъ, Къуырфыты рагъ, Бибылты хох, Котолиты æфцæг, Саболокъ, Чангали, Сидæмонты дзуары хох æмæ а.д.[1]

Гудисгомы сæйраг дон у Гудисы дон. Комы хъæдты æмæ йæ сæрвæтты зайы хъæлæрдзы, цъуй, мыртгæ, дурвæткъуы, уагъылы, мæнæргъы, саунæмыг, къабузæг, дзедыр, æрыскъæф, мæцкъуы æмæ æндæртæ.[1]

Гудисгомы хъæутæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]