Гидроэлектростанцæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(ГЭС-æй æрвыст)
Жигулийы ГЭС-ы донмарæн

Гидроэлектростанцæ (ГЭС) у, доны цыды хъаруйæ (энергийæ) электрондых чи амал кæны, ахæм электростанцæ. Гидроэлектростанцæтæ аразынц цæугæдæттыл, уымæн кæнынц донмарæн æмæ донуат.

Цæмæй ГЭС-ы куыст ахадгæ уа, уымæн хъæуы æххæст кæнын дыууæ сæйрагдæр æууæлы:

  • доны цыд хъуамæ ма æнцайа æнхъæн афæдзы дæргъы,
  • рельеф хъуамæ уа цæхгæр уырдыг.

ГЭС аразынæн ахъаззаг у нарæг комы рельеф (уымæй донуаты фæзуат чысылдæр вæййы, стæй донмарæн дæр цыбырдæр).

ГЭС-тæ цы электроэнерги дæттынц, уый, иннæ электростанцæты энергиимæ абаргæйæ, у дзæвгар асламдæр.

ГЭС-ы генератортæ бафтауæн æмæ рафтауæн ис тагъд рæстæджы — уый тыххæй ГЭС-тæй пайда кæнынц, электроэнергийы изæрыгон пайдакæнынады (ома æхсæвыгон дон донуаты æмбырд кæнынц, фæлхас куы рæзы, уæд генератортæ скусын кæнынц).

Электростанцæты иннæ хуызтимæ абаргæйæ, ГЭС-тæ къаддæр тæваг дарынц æрдзыл, уæлдайдæр уæлдæфыл.

Уæрæсейы хъомысджындæр гидроэлектростанцæ у Саяны-Шушенскоейы ГЭС (скуыста 1978-æм азы).

Кæс[ивын | Бындур ивын]