Википеди:Социалон амалхъомады тыххæй уацтæ фыссыны ерыстæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сабырдзинады номыл Нобелы премийы лауреат Мухаммад Юнус, нысангонд йын æрцыд социалон амалхъомады стыр æнтыстыты фæдыл; Grameen Bank-ы сæргълæууæг

ЕРЫСТÆ ФЕСТЫ. Тагъд рæстæджы уæлахизгæнджытæм фæдзурдыстæм.

«Социалон амалхъомад» æмæ «Социалон амалхъом адæм»-имæ баст темæтыл уацтæ сфæлдисын æмæ фæхуыздæр кæныны ерыстæ. Архайды сæр — сфæлдисын æмæ фæхуыздæр кæнын ахæм уацтæ, кæцытæн фидарæй бæлвырдгонд уыдзæн сæ бæрзонд нысаниуæг.

Ерыстæ цæуынц 2015-æм азы 27 апрелæй 14 июны онг.

« Социалон амалхъомад — амалиуæгдарыккон архайд, йæ нысан — социалон лыггæнинаг фарстатæ райхалын, кæнæ, æппынкъаддæр се ’ндæвд фæлæмæгъдæр кæнын. Раиртасæн йæ ис амынд сæйрагдæр миниуджытæм гæсгæ:
  • социалон ахадындзинад — социалон лыггæнинаг фарстатæ райхалын/фæлæмæгъ кæнынмæ здæхт, фидар æвæрццаг нысан кæмæн ис раттæн, ахæм социалон фæстиуджыты расайд;
  • хихардзбамбæрзынад æмæ финансон фидардзинад — социалон куыстуаты бон у хи æфтиаджы фæрцы социалон проблемæтæ лыг кæнын;
  • амалиуæгдарджын бавнæлд — социалон амалиуæгдары бон куы вæййы амал кæнын йæ архайды ног разæнгард фадæттæ агурын, фæрæзтæ тымбыл кæнын, ног райхæлдтытæ фæлдисын, æмтгæй райсгæйæ та æппæт æхсæнадыл дæргъвæтин рæстæг рæстмæ ауыдын.
»

(ru.wikipedia)

« Социалон амалхъомдзинад — ног амæлттæ агурæг архайд, фыццаджыдæр йæ ных саразы æхсæнады социалон проблемæтæм, кæнæ сæ æппынкъаддæр фæлæмæгъдæр кæнынмæ фæтырны, уыимæ архайы хардзæмбæрзты æмæ æнæфæцудындзинады бындурыл. »

(Фонд «Наше будущее»-йы сайтæй ист бæрæггæнæн)

Аразджытæ[Бындур ивын]

  1. НП «Викимедиа РУ»
  2. Фонд региональных социальных программ «Наше будущее»

Фæткæвæрд[Бындур ивын]

  1. Ерысты архайынмæ уагъд цæуынц уацтæ, кæцытæ арæзт кæнæ хуыздæргонд æрцыдысты мадзалы фыццаг боны 00:00:00 рæстæгæй фæстаг боны 23:59:59 рæстæджы онг (UTC).
  2. Уацтæ хъуамæ сæ хъæдмæ гæсгæ уой афтæ бæлвырд конд, цæмæй сын сæ æнæххæстдзинады тыххæй тæссаг ма уа фехалынæй, кæнæ сæ æвæстиатæй фæхуыздæр кæнын ма æмбæла. Хъуамæ амынд уацтæ аккаг уой уацдомæнтæн. Уацтæ хъуамæ фидауой ВП:ПРОВ-ыл: Цыфæнды информаци дæр, йе ’цæгдзинад кæмæн ис рахонын дызæрдыггаг, хъуамæ бæлвырдгонд æрцæуа ахадгæ ратæдзæнты руаджы.
  3. Алы архайæг дæр цы уацтæ сфæлдыста, уыдон хъуамæ дæлдæр амынд таблицæмæ йæхи къухæй æфтауа.
  4. Алы уац дæр амынд таблицæйы хъуамæ æмбæла æрмæст дæр иу хатт. Ацы уагæвæрды сæрты ахизæн ис æрмæстдæр фаззон уац сæрæй къæхтæм æндæр архайæгæй ногфыст куы уа, уыимæ зæронддæр верси фехалыны сæрмагонд процедурæты сæрты куы ахиза, уæд ВП:КУ кæнæ ВП:КБУ).
  5. Ерыстæ æрмæстдæр иу номинацийы цæудзысты. Разæвæрæн ис дыууæ хуызмæ хауæг уацтæ:

ХУЫЗ 1: Удгоймæгтæ æмæ организацитæ, кæцыты архайд баст у бæстæты ’хсæн (Уæрæсейæ дарддæр) социалон амалхъомадимæ, уыдон тыххæй уацтæ, æмæ фæлгæсæн уацтæ «Дунейы социалон амалхъомад» зæгъгæ, (Уæрæсейæ дарддæр) ахæм темæйыл.

1-æм хуызы уацты тыххæй (кæнæ нырид уæвæг 1-æм хуызы уацы æппынкъаддæр 2 хатты фæуæрæхдæр кæныны тыххæй), уæлдæр амынд фæткæвæрдмæ гæсгæ архайæгæн йæ хыгъдмæ æфтыд цæудзæн 1 бындурон балл (уыимæ уацы мидисджын бæрцуат хъуамæ ма уа 5 КБ-æй къаддæр, æмæ фидауа хæрзхъæд «къæрттимæ») Жюрийы уæнгты бон ма у уац фæхуыздæр кæныны хæрзхъæддзинад фæхорзæхджын кæнын иу кæнæ дыууæ уæлæмхасæн баллæй. Афтæмæй, 1-æм хуызы уацы тыххæй архайæджы бон у æппынфылдæр бакусын 3 баллы.

ХУЫЗ 2: Удгоймæгтæ æмæ организацитæ, кæцыты архайд баст у Уæрæсейы территорийыл социалон амалхъомадимæ, æмæ фæлгæсæн уацтæ «Социалон амалхъомад Уæрæсейы» зæгъгæ, ахæм темæмæ гæсгæ.

2-æм хуызы уацтæн аргъгонд цæуы æртывæр коэффициентимæ. Афтæмæй уайы, æмæ алы 2-æм хуызмæ хауæг уац амынд домæнтæм сфæлдисыны тыххæй (кæнæ нырид уæвæг уацы æппынкъаддæр 2 хатты фæуæрæхдæр кæныны тыххæй), архайæгæн йæ хыгъдмæ æфтыд цæудзæн 3 бындурон баллы (уыимæ уацы мидисджын бæрцуат хъуамæ ма уа 5 КБ-æй къаддæр, æмæ фидауа хæрзхъæд «къæрттимæ»). Жюрийы уæнгты бон ма у уац фæхуыздæр кæныны хæрзхъæддзинад фæхорзæхджын кæнын 3 кæнæ 6 уæлæмхасæн баллæй. Афтæмæй, 2-æм хуызы уацы тыххæй архайæджы бон у æппынфылдæр бакусын 9 баллы.

6. Уæ уацты тематикæйы агуырды æххуысæн пайда кæнут en:Category:Social entrepreneurship æмæ ru:Категория:Организации социального предпринимательства зæгъгæ, ахæм категоритæй, æмæ en:List of social entrepreneurs-ы номхыгъдæй, литературæйы номхыгъдæй, уыдон йеддæмæ ма Уæрæсейы æмæ æппæт дунейы социалон амалхъомадыл иуæй-иу публикацитæй Интернеты мидæг (цæвиттон, [1] , [2], [3] æмæ а.д.). Бирæ уацты идейæтæ бацæттæ кодтам ацы номхыгъды: Социалон амалхъомады тыххæй уацтæ фыссыны ерыстæ/Уацты идейæтæ

7. Ерысы архайæг уацтæ хъуамæ уырыссаг Википедийы цы нысаниуæджы бæрæггæнæнтæ ис, уыдоны аккаг уой (ВП:ОКЗ, ВП:БИО æмæ æнд.). Уац кæд Википедийы æндæр æвзагыл хайады уæвы, уæд уый ууыл нæ дзуры, æмæ уырыссаг Википедийы нысаниуæджы бæрæггæнæнтимæ æмсæр у. Йæ æмбæрдзинадыл хъуамæ тыхсой ерысдзаутæ, куы хъæуа уæд æй æрвитæнтæй фидар кæнгæйæ, уыимæ, йæхæдæг цы ахадгæ ратæдзæнтæ ссары, уыдон руаджы (цыфæнды æвзагыл дæр).

8. Алы ерысгæнинаг уацы бон у æппæрст уын стандартон процедурæмæ гæсгæ — ВП:КУ. Кæд уæ уац цæттæгонд æрцæуы æппæрынæн уый рæстæг, ерысы жюри фæстиуджытæ куы ’рфыссынц, уæд ацы уацæн йæ уæнгты аргълæвæрд уыимæ баст нæ уыдзæн. Кæд уæ уац ацы уысм нырид æппæрст æрцыди, уæд жюри ууыл дæтты 0 баллы (сырх æрвитæн таблицæйы мидæг уагъд цæуы).

Ерысты архайджытæ (хайадисджытæ)[Бындур ивын]

Ног уац куы саразай, кæнæ рагон уац кæронмæ куы ныффыссай, уæд æй бафтау, дæ хорзæхæй, дæлдæрдзог æмбæлгæ таблицæмæ (конкурсанты хъæуы æфтауын сæ уацтæ сæхигъдауæй). Конкурсы хайад исынц æрмæст таблицæмæ æфтыд уацтæ!

Таблицæ[Бындур ивын]

Архайæг Уацтæ Цас сты (1) Цас сты (2) Цас сты æдæппæт Баллтæ Бахыгъды æддæ Уæлæмхасæн баллтæ Æдæппæт баллтæ
Брутаг Хуыз 1: Conserve, Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциаци


Хуыз 2: Фермерты скъола, Царды цæппæр, Черноземьейы хъабых, Куыстуарзты хæдзар, НормаСахар‎, Хæрзгæнæн импульс (преми), Упсала-Цирк‎‎, Уæрæсейы Федерацийы социалон картæ, Æнæхин? Тынг æнæхин, Без границ (организаци), Хэлси фуд, Хъæлдзæг нымæт, Бæллицмæ къахдзоныгътæ, Аранин, Роман Анатолийы фырт, «Нæ фидæн» (фонд), ‎Экокластер

2 16 18 50 18 68
Al.kachir Хуыз 1:


Хуыз 2: Хæдзармæ фæндаг (уынджы газет), Амадэль Тур, Забавушкæ, НаноВижн, Аврорæ (бæхджын центр), Coco Bello, Социалон амалхъомад Уæрæсейы, Луийы номыл квартал, LavkaLavka‎

9 9 27 9 36
oc-pecypc Хуыз 1:


Хуыз 2: Либерти, Социалон информацийы агентад, Хъæлдзæг пренык, Уæгъдибар дебют, Горький Хостел, Социалон рекламæйы лаборатори, Зверева, Наталия Иваны чызг (æххæстгонд у)

7 7 21 4 25
Хъыргъыз Хуыз 1: Baisikeli Ugunduzi, Masarang 2 2 2 1 3
Цæра (Конкурсы æдде\Вне конкурса) Хуыз 1:


Хуыз 2: Хорзы импульс

1 1

NB 1: Алы ерысгæнджытæн: Æгъдау дæттут уе ’мкусджытæн, лæуд ут fair play’ы принциптыл. Цæвиттон, кæд ацы ерысы мидæг хайад исынмæ хъавут, уæд æй нын фехъусын кæнут афойнадыл. Нæ конкурсы кæрон ахæм «сюрпризтæ» куы фæзыной: таблицæйы бирæ æрдæгцæттæ уацтæ, уæлдайдæр раздæр активон цы нæ уыдысты, уыцы архайджытæй фыст, — уыдон æппæлинагыл нымад нæ цæудзысты, уымæн æмæ афтæмæй дзы вæййы æрмæст тæркк æмæ мæстæймард. Уый тыххæй, уæ хорзæхæй, ма фыссут уæ уацтæ тагъддæр, кæд бирæ нымæцæй, фæлæ уæддæр æрдæгцæттæйæ. Ма сæ ныууадзут ахæм хуызы æмæ сыл кусут цæдæггай æмæ фæдфæдæй — уæ иу цæттæ уацæй иннæмæ рахизгæйæ. Нæ ерысы хайадистжытæ æнæфыст сæргæндтæ æмæ æрдæгцæттæ æрмæджытæ (уыйхыгъд пишу зæгъгæ, ахæм шаблонимæ, æмæ кæцытæ раст не сты ВП:ПАТ-мæ гæсгæ) куы ныууадздзысты иннæ уацты аразынæн, уæд се ’нæфыст тексттæ жюрийы уæнгтæй уыдзысты хафт!

NB 2: Ног хайадисджытæн: Жюрийы уæнгты хæс ис уый мидæг, æмæ уын æххуыс кæнын ацы таблицæмæ уæ ног уацтæ æфтауын, администратортæ æмæ æндæр хайадисджыты дæр ахæм бон у (фæлæ сæ хæс нæу). Курут дзы æргомæй æмæ комкоммæ, алы гом кæнæ æхгæд каналæй. Конкурсы нæ архайынц, 14 июны фæстæ кæй бафтыдтой таблицæмæ, уыцы уацтæ — суанг ахæмтæ, уыцы бонæй раздæр фыст чи ’рцыдис.

Ерысы жюри йæхимæ ’фтауы æртæ фæлтæрд википедистты, се ’хсæн жюрийы сæргълæууæджы дæр (конкурсы координацигæнæг). Жюрийы уæнгтыл бахæс чындæуы сæ теметикæмæ гæсгæ кæцытæ бæззынц конкурсæн (уыйхыгъд конкурсы райдианы агъоммæ фыст æрдæгцæттæ уацтæ дæр), уыцы уацты агуырд, æмæ сæ авторты нæ ерысы хайад исынмæ хонæг арвитын.

Жюрийы конд:[Бындур ивын]

  • Amikeco (Вячеслав Иванов — сæргълæууæг)
  • Цæра (Дзанайты Цæра)
  • Urs_syrx_bur (Хуыгаты Роман)

Призтæ[Бындур ивын]

Призтæ лæвæрд цæуынц Регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн»-æй. Ирон æвзагыл Википедийы фыст уацты автортæн лæвæргæнинаджы бæрц у 40 мин сомы.

Инннæтæй фылдæр баллтæ чи фембырд кæна, уыцы æртæ ерысдзауы хорзæхгонд цæуынц:

  1. Фыццаг бынат ахсгæ ерысдзау хорзæхгонд цæуы 20 мин сомæй.
  2. Дыккаг бынат ахсгæ ерысдзау хорзæхгонд цæуы 12 мин сомæй.
  3. Æртыккаг бынат ахсгæ ерысдзау хорзæхгонд цæуы 8 мин сомæй.

Кæд дыууæ ерысдзауы баллты нымæц уыдзæн æмбæрц, уæд æмбулæгыл нымад цæуа, 2-аг хуызы уацтæ иннæтæй фылдæр чи ныффысдзæн (уый хыгъды конкурсы рæстæг æппæрст уацтæ), уыцы ерысгæнæг. Кæд сæ баллтæ уæддæр æмбæрц уыдзысты, уæд рамбулдзæн, иннæ ерысгæнджытæй 2-аг хуызы уацты тыххæй фылдæр баллтæ чи бакуса, уыцы конкурсант.

Æндæр æвзæгтыл Википедийы хайæдтæ[Бындур ивын]

Ерыстæ канд ирон хайады мидæг нæ цæуынц, фæлæ ма ацы хайæдты дæр:

Ерысты темæйыл чингуытæ[Бындур ивын]

  1. Борнштейн Д. Как изменить мир. Социальное предпринимательство и сила новых идей. Альпина Паблишер, 2012 г. 499c. ISBN 978-5-9614-1741-8
  2. Кикал Дж., Лайонс Т. Социальное предпринимательство. Миссия — сделать мир лучше. Альпина Паблишер 2014 г. 304с. ISBN 978-5-9614-4458-2
  3. Московская А. А. Социальное предпринимательство в России и в мире. Практика и исследования. Высшая школа экономики 2011 г. 288с. ISBN 978-5-7598-0883-1

---

Актуалон лексикæ[Бындур ивын]

Æххуыс[Бындур ивын]