Википедийы тæрхон:Стилы разамынд

Содержимое страницы недоступно на других языках.
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Аббревиатурæтæ æмæ æрбайсгæ ныхæстæ æндæр хауæнты[Бындур ивын]

Кæд уырыссаг æвзагы ис гæнæн зæгъын «Это земля США», æмæ США йæ формæ ма фæива, фæлæ «Это земля России»'йы та Россия фæ-России уа, уæд ироны афтæ нæу. Зæгъæм АИШ куыд хъæуы ныффыссын гуырæнон хауæны? АИШы, АИШ'ы кæнæ АИШ-ы, гæнæн ис ахæмтæ дæр разыной, мæ АИШЫ фыссой. Фæнды мæ сбæрæг æй кæнæм куыд растдæр у, æмæ йæ разамындмæ бахæссæм. Шы хъуыды кæнут?--Bouron 21:12, 18 сентябры 2011 (UTC)[ответить]

Иронау ис фыссæн æрмæстдæр АИШ-ы, дефисимæ, кæд æндæр æвзæгты æндæр æгъдæуттæ ныффидар сты (турк фыссынц апострофимæ: ABD'nin), уæддæр. Amikeco 21:20, 18 сентябры 2011 (UTC)[ответить]
Уæд ыз уæччæгæн фæтагъд кодтон аимæ. Искуы фидаргонд у?--Bouron 21:40, 18 сентябры 2011 (UTC)[ответить]
О, фæтагъд кодтай :) Орфографийы æгъдæуттæ уыцы дефисы тыххæй ницы фыссынц, фæлæ дзы пайда кæнынц дефисæй: «Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, кæройнаг мыр кæнæ дамгьæ куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ, хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæугæ дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, АИШ-ы, ВАК-ы, вузæй». Афтæ фыссынц газеттæ æмæ журналтæ дæр. Amikeco 22:06, 18 сентябры 2011 (UTC)[ответить]
Бузныг афтæ лæмбынæг мын æй кæй бамбарын кодтай. Æвзаджы класс дæр фæивтон:
{{grammar:genitive|АИШ}} - АИШ-ы
{{grammar:dative|АИШ}} - АИШ-æн
Фæлæ йæ разамынды шы хаймæ бахæссæм? --Bouron 07:33, 7 октябры 2011 (UTC)[ответить]

Аббревиатурæ æндæр æвзагæй æмæ Ног аббревиатурæты мысыны тыххæй[Бындур ивын]

Проблемæ фæзындис аббревиатурæтимæ. Зæгъæм USB куыд фыссгæ у? Кæнæ FIFA? Англисаг вкипедийы ахæм уагæвæрд ис:

Generally avoid making up new abbreviations, especially acronyms (World Union of Billiards is good as a translation of Union Mondiale de Billard, but neither it nor the reduction WUB is used by the organization; so use the original name and its official abbreviation, UMB). If it is necessary to abbreviate a heading in a wide table of data, use widely recognized initialisms (for United States gross national product use US and GNP, with a link if the term has not already been written out: US GNP; do not use the made-up initialism USGNP).

Уырыссагы фыссынц USB æмæ ФИФА. Мæммæгæсгæ раст у. Цы хъуыды кæнут?--Bouron 22:57, 22 октябры 2011 (UTC)[ответить]

Мах дæр ног аббревиатурæтæ ма ’рымысæм. Фæлæ ирон мыхуыр æмæ чингуыты цы аббревиатурæтæ вæййынц, уыдон ардæм дæр æнæмæнг хæссинаг сты. Куыд ИНО, АИШ, ХПÆ æмæ æндæртæ. Amikeco 23:02, 22 октябры 2011 (UTC)[ответить]